14-æм декабры арæзт æрцæудзæн карьерæйы бон компани Леруа мерленимæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

14-æм декабры 14 сахатыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты арæзт æрцæудзæн карьерæйы бон компани Леруа мерленимæ. Мадзалы фæлгæты архайджыты базонгæ кæндзысты компанийымæ. Радзурдзысты сын, цавæр куысты бынæттæ дзы уыдзæн, уый тыххæй. Фæлтæрдджын специалисттæ æрныхас кæндзысты, æппæтадæмон компанийы сæ куысты тыххæй, æмæ сæ дæсныйад куыд рæзыд, ууыл. Кæй фæнда, уыдонæн фадат уыдзæн анкетæтæ бадæттын æмæ куыстмæ исыны фыццаг къæпхæны сæрты ахизынæн. Фембæлдмæ хонынц уæлдæр курсыты студентты, алы уæлдæр ахуыргæнæндæтты рауагъдонтæ æмæ компанийы кусын кæй фæнды, уыдоны сеппæты дæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, компани Леруа Мерлены фыццаг базарадон центр Цæгат Кавказы фæзындзæн Дзæуджыхъæуы 2019-æм азы. Ацы аз июлы фидæны центры бынаты сæвæрдтой фыццаг дур. Кадджын мадзалы архайдтой республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ компанийы минæвæрттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

14-æм декабры арæзт æрцæудзæн карьерæйы бон компани Леруа мерленимæ

Категория:

Новости и СМИ