Дзанайты Барис æмæ Игорь Карачин æрдзырдтой æмгуыстады фарстатыл

Стратегион хъæппæристы Агентадимæ ног проектты райрæзтыл республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы амындзинадмæ гæсгæ Дзанайты Барис ныхас кодта дзуапдæттæг агентады генералон директоры фыццаг хæдивæг Игорь Карачинимæ Мæскуыйы. Сæрмагонд æмбырды ма видеобастдзинады руаджы архайдтой регионы хицауады уæнгтæ æмæ ведомствоты разамонджытæ. Сæрмагондæй фембæлды архайджытæ æрныхас кодтой, ацы азы июны Сергей Меняйло æмæ Светлана Чупшева Петербургы экономикон форумы фæзы цы æмгуыстады бадзырд бафыстой, уый райрæзтыл. Дзанайты Барис куыд фæнысан кодта, афтæмæ Агентад у Уæрæсейы ахсджиаг институттæй иу. Регионæн иумæйаг æмархайд ахсджиаг у. Уый руаджы республикæ инвестицион климаты рейтингы ахсын райдыдта уæлдæр къæпхæн. Ныртæккæ ис 13-æм бынаты. Ахсджиаг у дарддæр дæр иумæйаг проектты архайд хъæддыхдæр кæнын. Сӕйрагдӕр у адæмы царды уавæртæ фæхуыздæр кæнын.

Иконка канала IRYSTONTV
1 462 подписчика
12+
50 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии