Национ музейы кадджын уавæры схорзæх кодтой, республикæйы рæзтмæ стыр æвæрæн чи бахаста, уыдоны
Национ музейы кадджын уавæры схорзæх кодтой, республикæйы рæзтмæ стыр æвæрæн чи бахаста, уыдоны. Сты культурæйы, аивады, æнæниздзинад хъахъхъæнынады æмæ социлон къабæзты кусджытæ. Паддзахадон хæрзиуджыты аккаг систы дзыллон информацион фæрæзты дæснытæ Дудиаты Владимир æмæ Хъулаты Земфирæ. Регионы разамонæджы указмæ гæсгæ 12 адæймаджы райстой республикон хæрзиуджытæ. Ирыстоны намысы майдантæ сæ амæлæты фæстæ саккаг кодтой Къомайты Руслан æмæ Ходы Алыксандрæн. Мадзалы фæнысан кодтой не 'мкусæг Сечъынаты Альбинæйы дæр. Национ телеуынынады тематикон хайады амонæгæн лæвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæйы ном. Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта афтæмæй се ппæт дæр сæ курдиатæй, удвæллай куыстæ æмæ профессийыл æнувыддзинадæй бахастой стыр æвæрæн республикæйы рæзтмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv