Цæгат Ирыстоны Парламенты Советæн уыд радон æмбырд
Цæгат Ирыстоны Парламенты Советæн уыд радон æмбырд. Æркастысты 40 фарстайæ фылдæрмæ. Æрдзырдтой, Кучиты Юрий æмæ Куындыхаты Дзамболаты республикон центрон æвзарæн къамисы уæнгтæй уынаффæхæссæг хъæлæсты бартимæ снысан кæныны тыххæй. Уымæй уæлдай ма депутаттæ æркастысты бинойнæгтæ æмæ хæстæджытæм къух сисыны фæдыл уголовон хъуыддаг гом кæныны фарстамæ. Æмбырды ма æрныхас кодтой цæрджыты æнæнхъæлæджы цаутæй бахъахъхъæныны уавæрыл. Хъус æрдардтой, куыд æрдзон, афтæ техногенон бæллæхты аххосæгтæм дæр. Депутаттæ ма сфидар кодтой парламенты 29-æм æмбырды боны фæткы фарстаты номхыгъд дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны Парламенты Советæн уыд радон æмбырд
Категория:
Новости и СМИ