Иумæйаг Паддзахадон Фæлварæны ног домæнты тыххæй
Иумæйаг Паддзахадон Фæлварæнтæ раттынмæ бирæ рæстæг нал баззад. Рауагъдонтæ сæхи цæттæ кæнынц. Цæгат Ирыстоны 4 мин адаймагæй фылдæр архайдзысты иумæйаг паддзахадон фæлварæны. Æххæст бæрæггæнæн иртасгæйæ, фæлварæнмæ курдиат балæвæрдтой 4164 адæймаджы. Уыдонæй 3604 - сты ацы азы рауагъдонтæ. 188 - профессионалон астæуккаг ахуырадон уагдæтты ахуырдзаутæ, 303 та - ивгъуыд азты рауагъдонтæ, 21 - ивгъуыд аз аттестаттæ чи нæ райста, уыдон. Хуссар Ирыстоны минæвартæ та сты 48. Æнæмæнг раттын кæй хъæудзæн, уыцы фæлварæнтæ сты математикæ æмæ уырыссаг æвзаг. Уыдонæй хорз бæрæггæнæнтæ ахаддзысты ахуырады æвдисæндар райсыны хъуыддагыл. Куыд фарон, афтæ ацы аз дæр нæ бæстæйы цæстдарджыты федералон къамисы хыгъды сты нæ республикæйы минæвæрттæ дæр. Абон федералон эксперттæй иу у нæ уазæг. Цæгат Ирыстоны Гуманитрон æмæ социалон иртæстыты институты ирон æзвагзонынады хайады раззагдæр наукон кусæг, филологон наукæты доктор Гуæцæлты Ларисæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Иумæйаг Паддзахадон Фæлварæны ног домæнты тыххæй
Категория:
Новости и СМИ