Æнусон ном
Сылгоймæгты моладзандоны абон байгом кодтой цыртдзæвæн сыгъдæг зæронд Ипполитæн. Ацы цау баиу чырыстон бæрæгбонимæ. Моладзандоны сбæрæг кодтой хъизæмаргæнæг Елисаветæ æмæ Инокиня Варварæйы бон. Республикæйы районтæй æмæ сыхаг регионтæй аргъуанмæ уырнæг адæм дæсгæйттæй цыдысты. Цыртдзæвæн сарæзта скульптор æмæ нæ республикæйы адæмон нывгæнæг Соскъиты Владимир. Саргъуыдта йыл Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг архиепископ Леонид. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы бонмæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Фыд Ипполит Цæгат Ирыстоны цæрджытæн зонгæ æмæ уарзон у. Рухстауæгыл æй нымадтой. Йæ руаджы республикæйы сарæзтой нæлгоймæгты Алайнаг æмæ сылгоймæгты моладзандонтæ. Архимандрит Ипполитмæ сæхи бафæдзæхсынмæ цыдысты æгас Уæрæсейæ дæр. Уымæ гæсгæ чырыстон адæмæн ацы цау стыр бæрæгбон у. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æнусон ном
Категория:
Новости и СМИ