Ног азы алæмæты аргъæутты рæстæг ралæууыд Уырыссаг академион театры

Ног азы алæмæты аргъæутты рæстæг ралæууыд Уырыссаг академион театры. Байгом æй кодтой хæрзаудæн мадзалæй. Абон сценæйыл равдыстой аргъау «Щелкунчик». Зындгонд зымæгон спектакль федтой 200 сывæллонæй фылдæр. Се 'хсæн сывæллæтты хæдзæрттæ, реабилитацион центртæ, коррекцион къордты хъомылгæнинæгтæ. Уыдон уæлдай тынгдæр æнхъæлмæ кæсынц Ног азы алæмæты фæзындтæм. Бирæты фæндыд театралон мадзалмæ бахауын, Митын Дада æмæ Митæимæ конкурсты архайын. Уарзон хъайтартимæ лæвар фембæлдтытæ цæудзысты 22 декабры онг. 3 боны дæргъы Дзæуджыхъæуккаг театрмæ ацæуыны фадат уыдзæн сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæттæн, æххуысцух бинонты сабитæн, стæй Черниговы районы минæвæрттæн. Цæгат Ирыстоныл æвæрд ис бæрнон хæс - ног регионæн æххуыс кæнын. Уырыссаг академион театры аивадон разамонæг Владимир Уваров куыд загъта, афтæмæй артисттæн æхсызгон у, залы бирæ адæм куы вæййы, уæд. Чысыл театрдзауты асайæн нæй, уыдоны æнкъарæнтæ æргом вæййынц, уымæ гæсгæ артисттæ бæрнондæрæй фæархайынц сценæйыл.

Иконка канала IRYSTONTV
1 463 подписчика
12+
55 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии