Цæгат Ирыстоны скодтой хатдзæгтæ спортивон туризмы ерыстæн
Цæгат Ирыстоны скодтой хатдзæгтæ спортивон туризмы ерыстæн. Цы командæтæ дзы архайдтой, уыдон тох кодтой хуыздæр суæвыныл. Сæйраг лæвар - республикæйы кубок. Афæдзæй афæдзмæ йæ саккаг кæнынц хуыздæртæн. Ерысы архайдтой Дзæуджыхъæуы уæлдæр ахуыргæнæндæтты æмæ организациты минæвæрттæ. Ацы хытт хуыздæрты æмрæнхъ чи*рлæууыд, уый базыдта не*сфæлдыстадон къорд. Къутæрты Аидæйæн ныхасы бар. Цæхдуртимæ фæндаг иу киллометрæй фылдæр. Æппæты зындæр у мæнæ ацы цæугæдоны сæрты ахизын. Уый тыххæй спорстментæ ифтонг сты сæрмагонд гæрзтæй æмæ дзаумæттæй. Сæ хæс у бæндæныл хи сифтындзын æмæ афтæмæй, иннæ былгæронмæ цырд ахизын. Къорды архайджыты хсæн - ахуыргæнæндæтты æмæ организациты минæвæрттæ. Адих сæ кодтой къордтæм гæсгæ. Алы командæ дæр хъумæ хорз бæрæггæнæтæ равдиса. Дзодзиты Сослан, РЦИ-аланийы туристон клубы разамонæг: «Ерыстæ æдæппæтæй арæзт сты цалдæр къæпхæнæй. Сæ иу "Техника туризма", зæгъгæ, кæй хонынц, уый. Уым командæйы архайджытæ цæлхдурты сæрты хъуамæ ахизой æмæ цæугæдоны йæ иннæ фарс фестой. Ис ма дзы дзы æндæр ерыс дæр, хуыйны "Бревно", зæгъгæ. Ис ма нæм ног къæпхæн дæр. Йæ ном - "Бабочка". Уым та архайджытæ сæхи фæлварынц туристон æлхынцъы». Ерысы сæйраг уагæвæрд у, цæмæй командæйы уой куыд нæлгоймæгтæ, афтæ сылгоймæгтæ дæр. Алы архайæгмæ дæр æнхъæлмæ кæсынц зын хæслæвæрдтæ. Командæйæ иу куы фæрæдыйа, уæд иннæтæн дæр къаддæр кæнынц сæ бæрæггæнæнтæ. Нырмæ уал кубок æртæ азы дæргъы æмбулы завод «Победит»-ы командæ. Алексей Василенко, завод «Победит»-ы командæйы капитан: «Ныр мах ацы ерысы архайæм 4-æм аз. Алы архайæг дæр нæ у фæлтæрдджын. Кæд ныртæккæ нæ командæйы сæ фылдæр ногтæ сты, уæддæр, мæнмæ гæсгæ, иннæтæй æвзæрдæр ницæмæй стæм. Фæнды нæ уæлахиздзауты 'хсæн уæвын». Кордтæ ерыс кæнынц сæрмагонд кубок рамбулыныл. 40 азæй йыл фылдæр цæуы. Ерысты архайджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм турниртæ адæймаджы æнæниздзинадæн уæлдай пайдайаг сты. Уыимæ ма адæмы æмхиц кæнынц спортмæ дæр. Къутæрты Аидæ, Дзапарты Георгий _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны скодтой хатдзæгтæ спортивон туризмы ерыстæн
Категория:
Новости и СМИ