Цæгат Ирыстон Уæрæсейы хицауады фæстауæрцгæнæн фондæй райсдзæн 81,5 млн сомы
Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады æмæ энергетикæйы куыстуæтты райрæзтæн Цæгат Ирыстон 81,5 млн сомы райсдзæн Уæрæсейы хицауады фæстауæрцгæнæн фондæй. Уый тыххæй сæрмагонд бардзырд бафыста бæстæйы хицауады сæрдар Михаил Мишустин. Федералон фæрæзты руаджы дарддæр æххæстгонд цæудзысты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарды рацарæзты фæдыл 2022-æм азы цы мадзæлттæ райдыдтой, уыдон. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, республикæ ис ацы проект кæм æххæст кæнынц уыцы раззагдæр регионты 'хсæн. Цæгат Ирыстоны программæмæ бахастой Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй.