Сергей Меняйло телекомпани «Осетия-Ирыстон»-ы кусджытæн кадджын уавæры радта паддзахадон хæрзиуджытæ

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло телекомпани «Осетия-Ирыстон»-ы кусджытæн кадджын уавæры радта паддзахадон хæрзиуджытæ. Журналистикӕйы къабазы сгуыхтдзинӕдтӕ ӕмӕ бӕрзонд профессионалон дӕсныдзинады тыххӕй кадджын ном «Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы сгуыхт журналист» лӕвӕрд ӕрцыд телеуынынады тематикон хайады хистæр редактор Хъулаты Юрийæн. Телеуынынады бирæ азты æвæллайгæ куысты фæдыл Цæгат Ирыстоны Кады гæххæттæй хорзæхгонд æрцыдысты: информацион службæйы шеф-редактортæ Æлбегаты Генриеттæ æмæ Дзапарты Георгий. Дирекцийы генералон продюсер Баскаты Ольгæ, административон-хæдзарадон службæйы сæйраг инженер Бæтиаты Аслан, телеоператортæ Гæбуаты Артур, Суанты Алан æмæ Александр Левченко, техникон-кондадон службæйы хицау Гæджынаты Давид, тематикон службæйы шеф-редактортæ Гуыбаты Людмилæ æмæ Джыгкайты Аннæ, рауагъды хайады хицау телеуынынады шеф-редактор Дзестелты Мария, тематикон службæйы уацхæссæг Къæбулты Иринæ, информацион службæйы раздæры хицау Хъуысаты Ноннæ, коммерцион директор Мæрзойты Оланæ, службæйы хицау – сæйраг режиссер Рæмонты Маринæ. Республикæйы сæргълæууæг телекомпанийы кусджытæн загъта бузныг сæ куысты фæдыл, дарддæр дæр æнтыстджын куыд уой, уый тыххӕй сын ракодта арфæ.

Иконка канала IRYSTONTV
1 462 подписчика
12+
61 просмотр
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии