Гуырдзыбегты Иринæйы юбилей
Аив дзырды дæсны, Ирыстоны зындгонд поэт Гуырдзыбегты Иринæ абон сбæрæг кодта йæ райгуырæн бон. Ахæм курдиатджын фысджытæ стæм хатт райгуыры. Иринæ у алывæрсыг зонындзинæдтæ æмæ хъæздыг миддунейы хицау. Йе `мдзæвгæтыл фыст æрцыд бирæ зындгонд зарджытæ. Йæ зонындзинæдтæ не `вгъау кæны фæсивæдæн. Уымæн æвдисæн, цы æрыгон фысджыты къордимæ архайы, уый. Уарзон фыссæгæн арфæ ракæнынмæ национ библиотекæйы абон æрæмбырд бирæ адæм. Уыдысты дзы йæ хиуæттæ, культурæйы кусджытæ, хицауады уæнгтæ. Раарфæ йын кодта нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр. Иринæйы схуыдта дæнцæгæн хæссинаг сылгоймаг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Гуырдзыбегты Иринæйы юбилей
Категория:
Новости и СМИ