Дзæуджыхъæуы уыд Хъæуккаг сылгоймаджы боны фæдыл кадджын мадзал
Дзæуджыхъæуы уыд Хъæуккаг сылгоймаджы боны фæдыл кадджын мадзал. Архайдта дзы республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Регионы разамонæг Сергей Меняйлойы номæй премьер-министр раарфæ кодта хъæуы фæллойгæнæг сылгоймæгтæн. Уыдон сты зæхкуыст, культурæ, спорт, ахуырад, æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабæзты минæвæрттæ. Цæгат Ирыстоны хицауады номæй бузныджы фыстæджытæ райстой Æгъуызарты Маринæ, Бабочиты Альбинæ, Багаты Рифузæ, Уалыты Маринæ, Елена Давыдова, Хъайттаты Валя, Лазарты Бэллæ, Мецъаты Аллæ, Наталья Плешинец.