"Беслæны мадæлты" комитеты минæвæрттæн ацыд сæрмагонд æмбырд
Беслæны 2004 азы теракты фæдагуырд дарддæр цæуы. Уголовон хъуыддаг аргъæвтой 1-æм декабрьмæ. Уый тыххæй æрвылазон конференцийы рæстæг фехъусын кодтой "Беслæны мадæлты" комитеты минæвæрттæ. Сбæрæг кодтой ноджы иу террористы ном. Йæ мыггаг у Парчиев. Ныхас ма кодтой горæты генералон пъланы райрæзтыл. Йæ фæлгæты аразынц поликлиникæ. Фæлæ сметæмæ нæ бахастой хъармгæнæн. Арæзтадæн хъæуы 11 милуан сомы. Уыцы фарстаимæ комитет фæсидт республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ федералон центрмæ. Мемориалон уæлмæрд " Зæдты сахар"-ы бындуронæй сцалцæг кæндзысты цыртдзæвæнтæ. Æппæт куыстытæ фæуынвæнд кæнынц фыдбылызы 20 азы бонмæ фæуын. Сæйрагдæр у хъуыды кæнын. Скъола суыдзæн æппæтадæмон культурон-патриотон центры хай. Бæстыхай сног æмæ сцалцæг кодтой. Иннæ бæстыхæйттæ консерваци скодтой. Ныртæккæ æмбырд кæнынц экспозицийы материалтæ.