Аланийыл дзуæрттæ бафтауыны 1100 азы фæдыл ныхас

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

Цæгат Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Президенты цур - Дзанайты Барис фембæлд Алайнаг æмæ Дзæуджыхъæуккаг Алчыр Леонидимæ Мæскуыйы. Ныхас кодтой Аланийыл дзуæрттæ бафтауыны 1100 азы фæдыл нæ республикæйы цавæр мадзæлттæ арæзт цæудзысты, уый тыххæй. Зæгъæм, сцалцæг кæндзысты, культурон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм 15 объекты. Уыдоны хсæн ис Мамысоны комы, Тлийы хъæуы, Зручы, Æрæфы районы мæсгуытæ æмæ Дзæуджыхъæуы рагон историон бæстыхæйттæ. Мадзæлтты хсæн ма ис фестивальтæ æмæ спортивон ерыстæ саразын дæр. Сæйраг мадзæлттæй уæлдай ма ис уæлæмхасæнтæ дæр. Уым фылдæр æргом здæхт цæуы наукæмæ, культурæмæ, спортмæ æмæ ахуырадмæ. Зæгъæм, фидæны аз арæзт æрцæудзæн æппæтадæмон конкурс нывкæнынæй, йæ темæ у «Алани - ивгъуыды сурæттæ». Культурæйы министрад федералон центримæ цæттæ кæны театрализацигонд фестиваль. 2022-æм азы та Дзæуджыхъæуы уыдзæн æппæтадæмон наукон конференци. Баст уыдзæн Алани æмæ Кавказы чырыстон дины историмæ. Сисдзысты документалон киноныв дæр. Абон ма Уæрæсейы хицауады хæдзары уыди сæрмагонд æмбырд, амыдта йæ Хицауады сæрдарды хæдивæг Ольга Голодец. Ныхас дзы кодтой, Дзæуджыхъæуы Сыгъдæг Георгийы номыл аргъуаны дзуары нывтæ, къултытыл та нывæфдыдтæ кæй фæзындзæн, уый тыххæй. Аргъуан уыдзæн бæрæгбоны мадзæлтты сæйрагдæр бынат. Архайдзæн дзы æгас Уæрæсейы Патриарх Кирилл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Аланийыл дзуæрттæ бафтауыны 1100 азы фæдыл ныхас

Категория:

Новости и СМИ