Абитуриенттæ арæхдæр æвзарын райдыдтой кусæг дæсныйæдтæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

27 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

Абитуриенттæ арæхдæр æвзарын райдыдтой кусæг дæсныйæдтæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

27 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

27 просмотров

3 года назад

Иумæйаг паддахадон фæлварæнтæ фæстейæ аззадысты æмæ ахуырадон уагдæттæм исæн кампани йæ тæмæны бацыд. Фæсивæд æвзарынц алыхуызон здæхтытæ: разамынд, дизайн, туризм. Уæдæ кусæг дæсныйæдтæм дæр се 'ргом бирæтæ аздæхтой. Астæукаг профессионалон ахуырады уагдæттæ цавæр ногдзинæдтæ бацæттæ кодтой абитуриенттæн? Исæн каипани йæ тæмæны бацыд. Тыргъы сæ радмæ лæууынц 10 лæппу æмæ чызджы. Фæсивæд хъуамæ бацæуой Цæгат Кавказы арæзтадон техникуммæ. Йæ гæххæттытæ балæвæрдта Гуцаты Зæринæ дæр. Ногхъæуы скъолайы каст фæци 9 къласы, ныр йæ цард фæнд кæны барзонынадимæ сбæттын. Равзæрста «барадхъахъхъæнынады» здæхт. Ацы ахсджиаг бон йæ мад Фатимæ дæр ис йæ фарсмæ. Арæзтадон техникуммæ цæугæйæ, фæсивæд æвзарынц æндæр дæсныйæдтæ дæр. Ныртæккæ сæ курдиæттæ балæвæрдтой 100 абитуриенты. Ардæм ахуыр кæнынмæ цæуынц Цæцæн, Дагестан, Кæсæг-Балхъар, Хъæрæсе-Черкесы республикæтæй. Бацæуæн фæлварæнтæ дæттын хъæуы æрмæст сфæлдыстадон дæсныйæдты факультеттæм. Сæйрагдæр у аттестаты рæстæмбис бæрæггæнæн: цас фылдæр уа, уыййас бюджетмæ бахауыны гæнæнтæ дæр фылдæр сты. Æмæ кæд æппæт факультеттæм дæр курдиæттæ фаг ис, уæддæр аразæджы дæсныйад фæсивæды æппæтæй тынгдæр цымыдис кæны. Дзырдæн, техникумы агуыридурæй амайынæн, къултæ сæрдынæн æмæ бирæ æндæр куыстытæн ис хъæугæ æрмадзтæ. Дзæгойты Ольгæ ахуыр кæны 3-æм курсы, архитекторыл. Уый дæр ацы аз практикæ кæндзæн нырыккон æмадзы. Экскурсион балцвæдтæ саразын æмæ уазæгуарзондзинады ахуыртæм байхъусын. Сентябры æппæтадæмон æмвæзадыл арæзт æрмадзты ахуыр кæндзысты Цæгат Ирыстоны базарадон-экономикон колледжы студенттæ дæр. Исæн къамисы агъуысты уæгъд бынат не ссардзынæ. Сæ гæххæттытæ бадæттынмæ бонмæ æрбацæуынц 40 абитуриенты. Ам та фæсивæды уарзондæр дæсныйад у «хæринаггæнæг», бирæтæ сæхи фæлварынц «туризмы». Ацы аз колледж райсдзæн 300 адæймаджы. Исæн кампани ахæсдзæн 15 августы онг.

, чтобы оставлять комментарии