Дзусты Алан 10 азы кусы англисаг æвзаджы ахуыргæнæгæй
Сабитæ æмæ ахуыргæнæджы дæсныйадыл зæрдæйæ æнувыд. Англисаг æвзаджы сусæгдзинæдтæ бацамонын æмæ, сæйрагдæр, аккаг кæстæртæ схъомыл кæнын. Ацы зын куыстмæ ныр къорд азты дæргъы зынгæ æвæрæн хæссы Дзусты Алан. Фæсарæнты цы фæлтæрддзинад райста, уый абон не 'вгъау кæны йæ райгуырæн хъæу Змейкæйы дыууæ скъолайы ахуырдзаутæн. Ног æвзаджы дунемæ иумæ фыццаг къахдзæфтæ кæнын. Сабитæ сæ уарзон ахуыргæнæгимæ зæрдиагæй фæлхат кæнынц дамгъæтæ. Æмæ сын кæд англисаг æвзаг нырма зонгæ нæу, уæддæр алы урокмæ дæр сæхи цæттæ кæнынц бæстонæй. Скъолайы къæсæрæй бахизгæйæ, Дзусты Аланы зæрдыл æрлæууынц йæ сабибонтæ. Англисаг æвзаджы ахуыргæнæг йæхæдæг дæр ам акодта фыццаг къахдзæфтæ зонындзинæдты фæндагыл. Кæддæриддæр ын зæрдæмæдзæугæ уыдысты æвзагзонынады уроктæ. Уæлдайдæр та фæсарæйнаг æвзаг. Уыцы уарзондзинад ын йæ зæрдæйы райгуырын кодта йæ ахуыргæнæг. Алан йæ бæллиц сæххæст кодта. Каст фæци Пятигорскы университеты фæсарæйнаг æвзæгты хайад. Фæлæ, арæх царды куыд рауайы, афтæ Аланы дæр бæлвырд аххосæгты тыххæй йæ цардвæндаг акодта Англимæ. Уыцы рæстæг æй тынгдæр æмбарын райдыдта, йæ царды нысан ахуыргæнæг кæй у. Æмæ 10 азы фæстæ сыздæхт йæ райгуырæн хъæу Змейкæмæ. Йæ уроктæй уæлдай, сывæллæттæн уæгъд рæстæджы радзуры Ливерпулы царды уаг, культурæ æмæ æгъдæутты тыххæй дæр. Йе 'мкусджыты ныхæстæм гæсгæ, Алан, фæлтæрдджын специалистæй уæлдæй, у удварн æмæ æцæг адæймаджы миниуджытæй æххæст. Дзусты Алан 10 азы дæргъы йæ зонындзинæдтæ не 'вгъау кæны Змейкæйы дыууæ скъолайæн дæр. Уæдæй нырмæ Алан иу бон дæр фæсмойнаг нæ фæци. Æмæ кæд фыдæлтæй фæстæмæ ахуыргæнæгæн уыдис стыр бынат, уæд абон гуырысхойаг нæу, уыцы ном Алан йæхицæн зæрдæйæ равзæрста æмæ йæ кадимæ хæссы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv