Хуссар Ирыстоны фæзындзæн нымæцон телеуынынад
Ног азмæ - стыр лæвар. Нымæцон телеуынынад фæзындзæн Хуссар Ирыстоны. Уыцы хъуыддагæн фидæн азы республикæйы бюджетæй æхца радих кæндзысты. Уый тыххæй фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий. Куыд загъта, афтæмæй нымæцон телеуынынад саразынæн фæрæзтæ ис фаг, æмæ тагъд рæстæджы адæмæн сæ бон уыдзæн ног хуызы каналмæ кæсын. Фидæны уый фæрцы фæхуыздæр уыдзæн телеуынынады программæты хæрзхъæддзинад. Ныртæккæ уал Хуссар Ирыстоны кусы паддзахадон телерадиокомпани «Ир», уымæй уæлдай ма дзы кусынц Уæрæсейы федералон телеканалтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хуссар Ирыстоны фæзындзæн нымæцон телеуынынад
Категория:
Новости и СМИ