Абон у цæрæгойты хъахъхъæнæн бон
Абон у цæрæгойты хъахъхъæнæн бон. Цæгат Ирыстоны куыд æгас дунейы, афтæ æвдисынц, куыд хъæуы æрмахуыр кæй скодтай, уыдонмæ зилын. Дзæуджыхъæуккаг питомник бабæрæг кодтой 27-æм скъолайы ахуырдзаутæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, афтид къухæй не 'рбацыдысты. Æрбаластой 100 килограммы холлаг куыйтæн æмæ 30 - гæдытæн. Уый бæрц сывæллæттæ æрмбырд кодтой 4 бонмæ. Цæрæгойтæн баххуыс кæныны хъæппæрис скъоладзаутæм сæхимæ разынд. Кæд æнахъом сты, уæддæр сæ алчидæр æмбары, куыд вазыгджын у цæрæгойтæм æмбæлгæ цæстæнгас здахын, куыд æмбæлы, афтæ сæм кæсын. Сывæллæттæ куыйты бафсæстой, стæй семæ хъазгæ дæр акодтой. Ахæм акци скъола сарæзта фыццаг хатт. Фæлæ ахуыргæнджытæ куыд загътой, афтæмæй та ногæй зындзысты сæ цыппаркъахыг æрдхæрдты уарзондæр хæринæгтимæ. Мадзаларазджыты ныхæстæм гæсгæ, акци æрмæст сабиты алывæрсыг рæзтыл нæ ахады, фæлæ ма цæрæгойтæм фæкæсынæн дæр у пайда. Ныртæккæ ацы ран дарынц 220 куыдзы. Афтæмæй Дзæуджыхъæуккаг питомник 110 бынатæн йæдтæмæ нæу.