Хъæдæй æрмдæсныйы куыст кæны Буроны цæрæг Илаты Марат

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Хъæдæй æрмдæсныйы куыст кæны Буроны цæрæг Илаты Марат. Адæмы дæр уыцы куыстмæ разæнгард кæны. Æрмдæсныйы сусæгдзинæдтæ кæй фæнды, уымæн амоны. Цæгат Кавказы фæссивæдон форум «Машук»-ы дæр йæ арæхстдзинад равдыста. Рамбылдта дзы цалдæр хатты грант. Уый йын хорз ахъаз фæци йæ фæндæ сæххæст кæнынæн. Илаты Марат хъæдæрмæгæй кусы ныр цалдæр азы. Уæвгæ йæ хъуыдыйы дæр нæ уыди, ахæм куыст кæндзæни, уый. Фæлæ ахуыр куы фæци, уæд фыццаг хатт фæцарæхст ацы дæсныйадмæ. Уæдæй нырмæ райдыдта хъæдæрмæгимæ кусын. Йæхæдæг нын куыд радзырдта, афтæмæй хъуыды дæр никуы акодта, йæ къухмæ кæй райсдзæни хъæд, ууыл. Фæлæ нæ фæфсмон кодта. Буроны цæрæг Илаты Марат рагæй уарзы хъæдимæ кусын. Уыимæ ма йæ фæнды адæмæн йæ зонындзинæдтæ амонын дæр. Ныртæккæ уый æнæвгъауæй йæ зонындзинæдтæ парахат кæны Алагиры интернаты сывæллæттæн. Кæм рухсгæнæнтæ, кæм сæрдыгон бадæн бынæттæ æмæ ма бирæ æндæр цымыдисаг дзаумæттæ. Ацы куыст æм æппындæр зын нæ кæсы. Райсомæй раджы сысты æмæ йæхицæн æрмæг агурын райдайы. Уый фæстæ та дзы цавæрдæр нывæфтыд рауайын кæны. Уыимæ ма йæ ахуырдзаутæн дæр бамбарын кæны. Ныртæккæ Марат кусы, йæхæдæг йæхицæн цы хæдзар сарæзта, уым. Æндæр бынат ын нæма ис. Уымæй размæ ацы фарстайы фæдыл архайдта фæсивæдон форум «Машук»-ы дæр. Фыццаг хатт куы ацыди, уæд дзы рамбылдта грант. Уыцы æхцайы фæрæзтæй æлхæд æрцыдысты сæрмагонд кусæнгæрзтæ. Дыккаг хатт куы ацыди форуммæ, уæд та дзы рамбылдта 100 мин сомы. Уыдонæй дæр æлхæд æрцыдысты, цы ма сын нæ фаг кодтой, уыцы кусæнгæрзтæ. Маратæн стыр æххуыс фæци нæ республикæйы фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитет. Уым ын иу æмæ дыууæ хатты нæ баххуыс кодтой форум «Машук»-мæ йæхи куы цæттæ кодта, уæд. Ныртæккæ Илаты Маратмæ ис бирæ фæндтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хъæдæй æрмдæсныйы куыст кæны Буроны цæрæг Илаты Марат

Категория:

Новости и СМИ