«Фотосушка», зæгъгæ, хуызистыты равдыст уыд Цхинвалы
Ногдзауты парчы апарахат сты дæсгай хуызистытæ, пейзажтæ æмæ натюрморттæ. Акцийы архайыны фадат уыд куыд професионалон хуызисджытæн, афтæ хæдахуыртæн дæр. Ахæм мадзал Хуссар Ирыстоны сарæзтой æртыккаг хатт. Уæлдай æргом аздæхтой республикæйы адæмон хуызисæг Гæбæраты Неллийы кустытæм. Уый йæ хуызистытæ снысан кæны йæ райгуырæн бæстæйы алыхуызон цаутæн. Йæ ног хуызистытæм ын социалон хуызæгты æрвылбон æнхъæлмæ кастысты бирæ адæм. Бафтаудзыстæм ма уый мадзал сарæзтой Хуссар Ирыстоны фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты хъæппæрисæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Фотосушка», зæгъгæ, хуызистыты равдыст уыд Цхинвалы
Категория:
Новости и СМИ