Асджиаг фембæлд
Республикæмæ кусæг балцы ссыд Уæрæсейы Федерацийы граждайнаг хъахъхъæнынады, æнæнхъæлæджы цауты æмæ æрдзон фыдбылызты фæстиуджытæ иуварс кæныны министр Евгений Зиничев. Министр бабæрæг кодта Беслæны "Зæдты сахары"-ы мемориал. Цыртдзæвæнтыл сæвæрдта дидинджытæ. Уый фæстæ хицауады хæдзары фембæлд республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ. Æмбырды архайдтой хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз æмæ профилон кусæндæтты минæвæрттæ. Æрныхас кодтой Арвыкомы фæндаджы куысты фæткыл. Уæллаг Ларсы уадзæн пункты куыстмæ зымæгон здæхт цæуы уæлдай æргом, фæнысан кодта Тускъаты Таймураз. Министр бафарста фæндаджы уавæры æмæ хъармгæнæн пунктты тыххæй. Хицæнæй ныхас кодтой ихуард æмæ зæйты ныхмæ службæты куыстыл. Зæгъæм, фæстаг бонты зæйты ныхмæ тохгæнджытæ æруагътой 89 зæйы, сæрмагонд сармадзантæй фехстой 64 тæссаг бынаты. Битарты Вячеслав ныфсджын у, куыстадон фембæлдæй алчидæр раст хатдзæгтæ кæй скæндзæн. Граждайнаг хъахъхъæнынады, æнæнхъæлæджы цауты æмæ æрдзон фыдбылызты фæстиуджытæ иуварс кæныны министр Евгений Зиничев республикæйы сæргълæууæгимæ фембæлды фæстæ бабæрæг кодта Æнæнхъæлæджы цауты министрад. 8 кусæджы схорзæхджын кодта «За содружество во имя спасения», зæгъгæ, майдантæй. Кадджын мадзалы фæстæ министр кусджытæн загъта арфæйы ныхæстæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Асджиаг фембæлд
Категория:
Новости и СМИ