Къæдзæхтыл бырыны центрыл сæххæст афæдз

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

Къæдзæхтыл бырынæй спорты хуыз парахат кæны. Æрæджы йæ бахастой олимпаг хуызтæм. Цæгат Ирыстоны дæр хохы цъуппæй акæсын бирæты фæнды. Уый тыххæй Дзæуджыхъæуы ис скалодром. Æрвылбон уырдæм æрбацæуынц мингай адæм, къæдзæхтæм бырын фæнд чи скодта, ахæмтæ. Се` хсæн сывæллæттæ дæр. Æрæджы скъолайы равзæрдыл сæххæст афæдз. Бæлвырддæр ма уын радзурдзæн Хуасдзауты Алинæ. Петр Тараскиныл ныр 10 азы цæуы. Скалодромы йæ рæстæг æрвитын бирæ уарзы. Бæрзæндтæм хизынæй æппындæр нæ тæрсы. Алы хатт дæр къуылымпыты сæрты æнцондæртæй ахизы.   Ам та сæхи фæлварынц фæлтæрдджын спортсментæ. Кæдзæхтыл бырынмæ се 'ппæт дæр æнувыд сты. Гаппуаты Владимир: «Ацы спорты хуыз мын мæ фидæны дæсныйады дæр стыр пайда æрхæсдзæн. Æнæнхъæлæджы уавæры министрады институты ахуыр кæнын. Хæхты хорз бырын куы зонай, уæд иннæтæн æнцонтæй баххуыс кæнын дæ бон уыдзæн. Мæ стырдæр бæллиц у – æппæты бæрзонддæр трассæ «Сайлендс» зæгъгæ, категори 9С-мæ чи хауы, уый сæрты ахизын. Стæй ма олимпаг хъæзтыты дæр бацархайын». Ацы спорты хуызмæ фылдæрæй-фылдæр адæм æмхиц кæнынц, æмæ хуымæтæджы нæ. Фæлтæрдджын инструктортæ куыд зæгъынц, афтæмæй къæдзæхтыл быргæйæ адæймаг йе 'ппæт нуæрттыл дæр кусы. Суанг ма мимикон нуæрттыл дæр. Уыимæ ма, адæймагæн йæ уæнгты змæлд дæр хуыздæр кæны. Стæй ма, хъуыды дæр рæвдздæр кæнын райдайы. Бæрзæндтæм хизын зын нæу. Сæйрагдæр у – æмбæлгæ кусæнгæрзтæ равзарын. Скалодромы сывæллæтты сæйраг тренер Александра Хацаюк: «Адон сты къæдзæхтыл бырынæн къахыдарæс. Иннæтæ уымæй хицæн кæнынц, æмæ къахыл æнгом бадынц. Цæмæй æппæты къаддæр къуыппытыл дæр адæймаджы бон йæ къах сæвæрын уа. Уымæй уæлдай ма, магнезийæн голладжы ныккæнæм сæрмагонд ссад. Цæмæй быргæйæ къухтæ бырынцъаг ма уой. Стæй ма, къæдзæхтæм быргæйæ, фæпайда кæнæм ацы сæрмагонд æдасдзинады системæйæ. Сфидар æй кæнæм бæндæнæй». Ацы скалодромы ис алыхуызон трассæтæ, нырма ныр чи райдыдта къæдзæхтæм бырын æмæ фæлтæрдджын спорстментæн дæр. Маршруттæ саразынц сæрмагонд кусæнгæрзты руаджы. Инструктортæ сын сæ бынат арæх раивынц, цæмæй ахуыртæ фылдæр пайдаимæ цæуой. Скалодромы инструктор Артём Чикин: «Æппынæдзух аразæм ног маршруттæ. Адæм нæм цæуынц æмæ сæ арæхстдзианд уæлдæр кæнынц. Скалодромæн йæ сæйраг хæс у – æрдзон уавæрты, хæхтыл бырын адæмы сахуыр кæнын. Нæ маршруттæ дæр афтæ аразæм». Скалодром афæдз йеддæмæ нæма кусы. Фæлæ, уыцы рæстæгмæ къухы бирæ æнтыстдзинæдтæ бафтыд. Ацы аз та къæдзæхтыл бырын бахæсдзысты олимпаг спорты хуызтæм. Уымæ гæсгæ, спорстментæ сæ арæхстдзинады æмвæзад фæуæлдæр кæныныл æппынæдзух архайдзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Къæдзæхтыл бырыны центрыл сæххæст афæдз

Категория:

Новости и СМИ