Цæгат Ирыстоны кадджын уавæры байгом кодтой Бинонты афæдз

Залы уæгъд бынат нал баззад. Кадджын мадзалмæ сæдæгай адæм сæмбырд сты республикæйы районтæй. Ахсджиаг боны фæдыл цæрджытæн арфæ ракодтой республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ Габеты бинонтæ, уыдон Цæгат Ирыстоны номæй архайдтой «Родные – любимые», зæгъгæ, æппæтуæрæсеон форумы. Бирæсывæллонджын бинонтæ, се 'хсæн ахуыргæнджыты, дохтырты, æфсæддонты, спортсменты, нывгæнджыты фæлтæртæ. Уыимæ ма сæрмагонд æфсæддон операцийы бынаты йæ Фыдыбæстæ чи хъахъхъæны, уыдоны бинонтæ. Мадзал аразджытæ бацæттæ кодтой цымыдисаг концертон программæ. Айларты бинонтæ Алагирæй сценæйыл акодтой сæ райгуырæн горæты тыххæй зарæг. Æрвылбон репетици кодтой, цæмæй абон адæмы размæ рахизой. Айларты Светланæ у дохтыр-бактериолог, хъомыл кæны 5 чызджы. Иууылдæр сты фæзминаг. Ирон театры сценæйæ бирæсывæллонджын бинонтæ æхсызгонæй дзырдтой бинонты фарн æмæ амонд цæмæй аразгæ у, уый. Хуымæтæг хъуыддæгтæ сты - æгъдæуттæ æххæст кæнын, хистæртæн аргъ кæнын, кæстæр фæлтæрæн дæнцæгæн хæссинаг уæвын. Æрмæст афтæмæй ис фæзминаг фæлтæртæ схъомыл кæнын.

Иконка канала IRYSTONTV
1 461 подписчик
12+
24 просмотра
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии