Дзанайты Барис амыдта агропромышленнон комплекс æмæ хъæууон хæдзарады рæзты фæдыл æмбырд
Дзанайты Барис амыдта агропромышленнон комплекс æмæ хъæууон хæдзарады рæзты фæдыл æмбырд
Республикæйы дарддæр цæуынц уалдзыгон быдырон куыстытæ. Ацы аз нысадздзысты 190 мин гектармæ хæстæг хъæууон хæдзарадон зайæгойтæ. Фæззыгæнд культурæтæ ныссагътой 54 мин гектарæй фылдæр. Хъæууон хадзарады кусджытæн паддзахадон æххуыс сыстад 250 милуан сомы. Æппæт уыцы фарстатыл æрныхас кодтой хъæууон хæдзарады рæзты фæдыл хицауады æмбырды. Амыдта йæ Дзанайты Барис. Æвзæр боныхъæды аххосæй хъыгдард баййæфтой Алагиры, Дыгуры æмæ Æрæфы районты хуымтæ. Цас зиан цын æрхастой тæрккъæвдатæ, уый нырма банымайын хъæуы. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, нырыккон донпырхгæнæн системæтæ къабазы рæзтæн æнæмæнг хъæуынц, уæлдайдæр та тæрккъæвдатæй тæссаг рæтты. Нæ бæстæйы хъæууон хæдзарады министрадмæ арвыстой сыджыты хъæд фæхуыздæр кæныны тыххæй донуадзыны 6 проекты. Сæ иу хай сын ныридæгæн сарæзтой. Æмбырды ма бæстонæй æрдзырдтой хъæуты райрæзтыл дæр. Уымæн радих кодтой 1 миллиард æмæ 300 милуан сомы. Ноджы 1 миллиард æмæ 100 милуан сомы та - хъæутæн нырыккон бакаст скæнынæн. Уыдонæй аразынц Бруты 200 бынатæн скъола, спортивон-дзæбæхгæнæн комплекс Цыколайы, спортивон комплекс Хуымæллæджы æмæ Горæтгæрон районы Ирыхъæуы скъолайы спортивон зал. Коммуналон системæтæ бындуронæй аразынц Елхот, Мæздæджы районы хъæу Веселое, Хуымæллæг, Брут, Сунжæ, Суадаг, Толдзгуын æмæ Цыколайы.