Тамайты Майрæн фембæлд Æрæфы районы цæрджытимæ
Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тамайты Майрæн фембæлд Æрæфы районы цæрджытимæ. Толдзгуыны цæрджыты тыхсын кæны доны фарста. Дон сæм цы гуырæнæй цæуы, уый арæзт уыд ивгъуыд æнусы 50-йæм азты. Заууат уавæрмæ æрцыд. Тамайты Майрæн бабар кодта бынаты профилактикон куыстытæ бакæнын. Проект 2022-æм азы бахæсдзысты «Комплексное развитие сельских территорий», зæгъгæ, федералон программæмæ. Фембæлды ма цæрджытæ фæнысан кодтой, бирæфатерон хæдзары кæрты сывæллæттæн хъазæн фæз кæй нæй. Дзуапдæттæг министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæджы ныхæстæм гæсгæ, федералон программæ «Комфортная городская среда»-йы фæлгæты сабитæн сараздзысты хъазæн фæз. Тамайты Майрæны ныхæстæм гæсгæ, ахæм фембæлдтæ сты пайда. Сæ руаджы хицауады уæнгтæ лæмбынæгдæрæй бынаты æркæсынц æппæт фарстатæм. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv