Сергей Меняйло фембæлд компани «С-ПЛЮС»-ы генералон директор Дмитрий Мартыновимæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

4 года назад

Электрон тыхы ног хуызтыл, стæй йæ фæлхасгæнджытæм хæццæ кæныны фарстатыл ныхас кодтой республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ компани «С-ПЛЮС»-ы генералон директор Дмитрий Мартынов. Куыд радзырдта, афтæмæй куыстуаты бацархайдтой ног технологийыл – «микрогрид», зæгъгæ. Уый руаджы ис баиу кæнæн хæдзæрттæ æмæ алыхуызон куыстуаттæ иумæйаг системæйы æмæ сæ афтæмæй æххæст кæнын электрон тыхæй егъау станцæты руаджы. Ахæм системæйы хæйттæй, зæгъæм, иу куы нал куса, уæддæр йæ архайд нæ фæкъуылымпы уыдзæн, фæнысан кодта Дмитрий Мартынов. Республикæйы сæргълæууæг фæнысан кодта, Цæгат Ирыстоны хицауад хызæгты иумæйаг регионалон компанийы арæзтадыл кæй архайы, уый. Фидæны, проект йæ къахыл куы слæууа, уæд уый фæбæрæг уыдзæн къабазы райрæзтыл фыццаджыдæр. Сергей Меняйло ма куыд загъта, афтæмæй Цæгат Ирыстон кæддæриддææр цæттæ у ног технологитæй пайда кæнынмæ. Кусæг фембæлды кæронбæттæны баныхас кодтой компани «С-ПЛЮС» æмæ Цæгат Ирыстоны хицауады æмгуыстады бадзырдыл бакусын. Уæвгæ, компани «С-ПЛЮС» у акционерон æхсæнад «Концерн Росэнергоатом»-ы дæлбар куыстуат. Егъау куыстуат бæстæйы нымад у раззагдæрыл, йæ архайды нырыккон технологитæй фыццаг чи спада кæны, ахæмыл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv