Волгоград ма Сталинград куы уыди
200 боны цы тугкалæн хæст цыд, уым фæмард ис милуан адæймагæй фылдæр. Дунейы историйы Сталинград баззад куыд хъæбатыр горæт. 2-æм февралы, горæт немыцæгтæй куы суæгъд кодтой, ууыл сæххæст 75 азы. Мысæн мадзæлттæ ацыдысты Цæгат Ирыстоны дæр. Уымæй уалдай ма на республикæйы делегаци уыдис Волгограды. Ам хъæбатыр ирыстойнаг салдæтты цыртдзæвæныл сæвæрдтой дидинджытæ. 102-æм бæрзæнд... Сталинграды хæсты рæстæг ацы бынатыл ахæм ном баззад. Йæ географион уавæры тыххæй йын уыд стыр стратегион ахадындзинад. Чи йæ бацахстаид, уыцы æфсадæн уыд Волгæйы сæрты хизыны Волгоград ма Сталинград куы уыди...фæтк бæрæг кæнын æмæ горæтмæ цæст дарын. Ныр, знæгтимæ тохмæ сидæг, ныййарæджы сурæты хуызы конд цыртдзæвæн зонынц дунейы алы бæстæйы дæр. "Мамаев курганы" цур хæст дунейы историйы æппæтæй карздæр тохыл нымад у. Сталинграды тох уыд 200 боны, уыдонæй 135 боны - ацы обауы цур. Бирæ туг дзы ныккалд, фæлæ Советон Сырх æфсад йæхиуыл нæ ауæрста. Уыцы тохы чи фæмард, уыдонæн ныр 50 азы лæггад кæны Хуссар Федералон зылды хуыздæр æфсæддон хæйттæй иу - Волгограды гарнизоны кады хъахъхъæнджытæ. Радхæсджытæ кæрæдзийы ивынц алы сахат дæр. Мамаев курганы историон комплексы дæсгай цыртдзæвæнтæ ис. Алчидæр дзы дзурæг у, сабыр царды æмæ йæ Фыдыбæстæйы сæраппонд йæ цард чи нæ бавгъау кодта, уыдоны хъæбатырдзинадыл. Сæ иу - хæсты быдыртæм Цæгат Ирыстонæй чи ацыд æмæ фæстæмæ чи нал сыздæхт, уыцы 5000 адæймагæн. Фарон майы, Битарты Вячеславы хъæппæрисæй дзы не мзæххонтæн сæвæрдтой цыртдзæвæн. Алы аз дæр ацы бонты йæ цурмæ æрбацæуынц, æдзард хæстонты лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинад рох кæмæй нæу, уыцы адæм. Ацы хатт семæ уыдысты нæ республикæйы делегацийы уæнгтæ дæр. Цыртдзæвæныл сæвæрдтой веноктæ æмæ дидинджытæ. Сталинграды музей-панорамæ ирдæй æмæ æргомæй дзуры Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цаутыл. Дунейы йын æмбал нæй. Ам алчидæр æнкъары уыцы сау бонты уæз. Ам фенæн ис фашисттæ горæт цы хуызæнæй ныууагътой, бæстыхæйттæ куыд ныппырх кодтой, уый æвдисæг къамтæ. Хæсты æгомыг æвдисæнтæ. Экспозицийы стыр бынат ахсынц Ирыстоны хъайтарты дзаумæттæ æмæ хуызистытæ. Горæт-хъæбатыр… Бирæ цæссыг æмæ тугæй дзаг. Ныр зынтæй бауырндзæн 75 азы размæ ам зындон кæй уыд, уый. Волгограды-Сталинграды зæххы алы уысм дæр салдæттæ сæ тугæй, цæрджытæ та сæ цæссыгæй æрæхсадтой. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæ тох кодтой кæстæрты рæсугъд фидæныл. Уыдон дæр аккаг фæлтæртæ сты. Иуæй дæр рох нæу абон сабыр дуджы кæй руаджы цæрынц, уыдон. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Волгоград ма Сталинград куы уыди
Категория:
Новости и СМИ