Гидрометцентры радзырдтой мартъийы цы боны ахаст уыдзæн, уый тыххæй
Уæрæсейы гидрометцентры радзырдтой мартъийы цы боны ахаст уыдзæн, уый тыххæй. Нæ бæстæйы европæйаг фарсы боныхъæд уыдзæн, афæдзы афонмæ гæсгæ йын куыд æмбæлы, ахæм. Нормæйæ иу чысыл хъармдæр уыдзæн республикæ Коми, Кировы облæсты, Башкирийы, Пермы крайы, Сыбыр æмæ Уралы. Уæлдæфы температурæ æрвылазы бæрæггæнæнæй уæлдай нæ аивдзæн Чукоткæ, Камчаткæ, Сахалин æмæ Хабаровскы крайы. Мæскуыйы уæлдæфы температурæ æхсæвыгон æрхаудзæн 5 градусы онг уазалмæ, боныгон та схиздзæн 6 градусы онг хъарммæ. Ростов, Волгоград æмæ Астраханы облæстты, уыимæ Хъалмыхъхъы æхсæвыгон мартъийы уыдзæн 5 градусы онг уазал. Комийы хъыст зымæг, суанг 20 градусы онг уазал. Свердловск, Челябинск æмæ Курганы облæстты æхсæвыгон уыдзæн 15 градусы онг уазал, боныгон та 3-8 градусы хъарм. Зæгъын хъæуы уый, æмæ мартъи у æппæты хусдæр мæйтæй иу. Ома митуард æмæ къæвдатæм нæ æнхъæлмæ кæсын нæ хъæуы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Гидрометцентры радзырдтой мартъийы цы боны ахаст уыдзæн, уый тыххæй
Категория:
Новости и СМИ