Цъæйыл - иузæрдион

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Уæвгæ, нæ республикæйыл ныр бирæ азты æнувыд цы туристтæ сты, ахæмтæ дæр нæм æрцæуы. Зæгъæм, Цъæймæ. Се 'хсæн нæ дарддæры æрмæджы хъайтар дæр – Алексей Холмецкий. Цæгат Ирыстонмæ 35-æм хатт ссыд. Йемæ ма алы аз дæр сласы Уæрæсейы алы регионтæй делегаци. Се`ппæт дæр нæ бæстæйыл тынг æнувыд систы. Куыд арвыстой туристтæ сæ фæлладуадзæн рæстæг æмæ сæ цæмæй цымыдис кæны Ирыстон, уый радзырдтой не сфæлдыстадон къордæн дæр. Алексей Холмецкий Цъæймæ фыццаг хатт æрбафтыд 1984-æм азы. Ацы æрдзон нывтæ йæ зæрдæйы афтæ ныххаудысты, æмæ уæдæй фæстæмæ алы аз дæр ардæм ссæуы. Турист Алексей Холмецкий: «Алцыдæр дзы диссаг у: æрдз, адæм æмæ афтæ дарддæр. Уæдæ ацы хæхтæн сæ истори дæр афтæ хъæздыг у, æмæ баулæфыны рæстæг Ирыстоны ивгъуыдимæ базонгæ уæвæн ис. Уый тынг хорз у. Визборы загъдау, Цъæйы ком раст хæххон къахдзоныгъты лицейы рахонæн ис. Æмæ дзы уыйтыххæй дæр мæ зæрдæмæ цæуы». Алексей иунæгæй не ссыд. Йемæ ма – 100 адæймаджы. Сты Уæрæсейы алы горæттæй, фæлæ зымæджы сæ фæллад уадзыныл æнувыд кæй сты, уый сæ баиу кодта. Ахæм балцытæ аразыны хъуыды сæм фыццаг хатт æрцыдис20 азы размæ. Фæлæ уæд сæ къорды 9 адæймаджы йеддæмæ нæ уыдис. Турист Алексей Холмецкий: «Уыцы 9-тæй алкæмæн дæр йæ зæрдæмæ фæцыдис ам. Алчидæр йемæ йæ хæлæртты æмæ йæ зонгæты хонын райдыдта ардæм. Афтæмæй, рæхысы цæгтау, нæ къорды бабирæ ис. уал азмæ кæрæдзийы кæй базыдтам, уый тыххæй нын кæрæдзийы уынд æхсызгон вæййы». Уазджыты зæрдæтæ фысымуæвæг хæхтæ раджы балхæдтой. Уæдæ бынæттон цæрджытæ дæр – афтæ. Æвæджиауы æрдзы нывтæ къорды уæнгтæ уынынц алы аз дæр, фæлæ сæ иу хаттæй иннæмæ уæддæр дисы `фтауынц. Цъæй цæмæн равзæрстат, зæгъгæ, фарстæн сæ дзуапп уайтагъд цæттæ вæййы. Туристка Татьяна Скрябина: «Ахæм ран æндæр никуы ис. Зæрдæ дзы рухс кæны. Уæдæ адæм сæхæдæг дæр дзурыны аккаг сты. Æз ахæм æргом зæрдæтæ никуы федтон. Цыдæр æнахуыр тых ис ацы ранæнæ, цы у, уый мæ бон зæгъын дæр нæу. Фæлæ йæ алчидæр йæ буары алы чырæгæй дæр æнкъары». Уазджытæ уал азмæ сæхи æгъдæуттæ дæр æрхъуыды кодтой. Хохы фахсы фæсарц фыццаг хатт чи абады, уымæн сæрылдаргæ цæг радтынц. Саразынц хъазтизæртæ. Райхъуысынц гитарæимæ сæ зарджыты зæлтæ дæр. Саразынц ма нывты конкурс дæр – «Мой Цей», зæгъгæ, номимæ. Фылдæр кæны къорды нымæц дæр. Канд карджын адæм нæ, фæлæ ма сыл сывæллæттæ дæр бафтыд. Адæмæй бирæтæ ардæм цæуын райдайынц фæззæджы. Йæ нывтæй сæ зæрдæтæ райынц афæдзы алы афон дæр. Ацы къорд Цъæйы бафæстиат уыдзæн 7-æм мартъимæ. Ацæудзысты сæ хæдзæрттæм, фæлæ та бонтæ нымайын райдайдзысты Ирыстонимæ ног фæембæлдмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цъæйыл - иузæрдион

Категория:

Новости и СМИ