Уæлдæфон къахвæд
Нæ республикæйы ауындзгæ фæндæгты системæйы райрæзтыл, инвестицион программæтыл æрныхас кодтой промышленность æмæ транспорты министр Хайдарбек Бутов, стæй компаниты къорд «СКАДО»-йы президент Александр Козловский. Хайдарбек Бутов куыд зæгъы, афтæмæй, гæнæн ис, æмæ Фыййагдон, стæй Цъæйы фæзына ауындзгæ фæндаг. Æмбырды дзырдтой проекты миниуджытыл, техникон æууæлтæ æмæ аргъыл. Фидæны ма ногæй фембæлдзысты. Республикæйы туризмы комитет æмæ мæскуыйаг инвестор бæстонæй æркæсдзысты ауындзгæ фæндаджы арæзтадмæ. Радих ын кæндзысты зæххы уаддзаг. Уымæй уæлдай ма техникон домæнтæ дæр баххæст кæндзысты. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ компани «СКАДО» ауындзгæ фæндæгтæ аразæг иунæг куыстуат кæй у. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уæлдæфон къахвæд
Категория:
Новости и СМИ