Маэстройы гуырæн бон
Уарзон маэстройы гуырæн бон. Махъоты Ацæмæзы республикæйы чи нæ зоны, ахæм ахæм адæймаг зын ссарæн у. Йæ æвидигæ рæсугъд музыкæйы зæлтæ алкæй зæрдæмæ дæр хъарынц. Ленинграды æмæ Ереваны консерваторийы рауагъдонæн зæлтæ сæ сусæгдзинæдтæ раргом кодтой. Æмæ ныр къорд азы Махъоты Ацæмæз дуне кæны рæсугъддæр. Зындгонд композитор ныффыста 4 симфонийы, оперæ «Алантæ». симфонион оркестры концерт, балет, 3 мюзиклы. Музыкæ цы зарджытæн æмæ спектакльтæн ныффыста, уыдон та афтæ бирæ сты æмæ банымайын дæр зын у. Абон ын аивадуарзджытæ æмæ музыкæ иртасджытæ кæнынц зæрдиаг арфæтæ. Æмæ сæ фæнды, цæмæй ма бирæ азты Махъоты Ацæмæз йæ курдиатæй се ппæтæн хæсса циндзинад. Йæ музыкæйы зæлтæ та алыварс дуне рæсугъддæр кæй кæндзысты – уый дызæрдыггаг нæу. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Маэстройы гуырæн бон
Категория:
Новости и СМИ