Æфсæддон хъæбатыртæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

Телеканал "Звезда"-йы проект "Легенды армии"-йы фæлгæты адæмы зонгæ кæнынц Уæрæсейы зынгонд æфсæддон хицæуттæ æмæ инæларты историимæ. Нæ Иры зæхх хъæбатыртæй хъæздыг у. Уымæ гæсгæ сæ агурæг ссыдысты Цæгат Ирыстонмæ. Телеканал "Звезда" фыццаг хатт нæй Ирыстоны. Зындгонд хъæбатыр Плиты Иссæйы номыл уал систой документалон киноныв. Ныртæккæ та бавнæлдтой Советон Цæдисы хъæбатыр Мамсыраты Хаджумары ном æрхъуыды кæнынмæ. Хъуамæ йын радзурой йæ царды цымыдисаг цауты тыххæй. Киноныв куыд исынц, уый та базыдта нæ уацхæссæг. Дæргъæвс. Мамсыраты мыггаджы минæвæрттæ - сæйраг архайджытæ. Хабæрттæ фыдæлтыккон гæнахы цæуынц. Кинонывы æйраг хъуыды - мыггаг чи скадджын кодта, уыцы хъæбатыр Мамсыраты Хаджумары ном æрымысын. Мамсыраты Ислам, мыггаджы хистæр:  «Хæрзæрыгонæй Калинины хъæхъхъæдта. Иуахæмы йæ марынвæнд куы скодтой, уæд æй Хаджи-Умар аирвæзын кодта». Мамсыраты мыггаджы минæвæрттæ ам æрымбырд вæййынц æрмæстдæр бæрæгбæтты. Ацы хатт дæр сын рауад бæрæгбон. Телеканал "Звезда"-йы сфæлдыстадон къорд сфæнд кодта нæ номдзыд хъæбатыры тыххæй радзурын. Уый тыххæй сæм ис сæрмагонд проект "Легенды армии", зæгъгæ. Мамсыраты Владимир:  «Йæ царды фæзилæнтæй йын раздæр цы хабæрттæ нæ зыдтам, уыдон ныр сбæрæг кодтам. Æз базæронд дæн, фæлæ йæ нырма ныр базыдтон, Хъырымы партизанты къорды сæргълæууæг уыд, уый. Мах фæнды, цæмæй йын йæ царды фæндæгты адæм зоной. Цæмæй сæ зоной, уый тыххæй та хъæуы чингуытæ фыссын, кинонывтæ исын». Кинонывы автор æмæ продюсер Олеся Шахбазова цымыдисæй дзуры æфсæддон сгарæджы тыххæй. Хъæбатыры истори йæ зæрдæйы арф фæд ныууагъта. Кæддæры хабæрттæ раст цыма абоны бон цæуынц. Йæ сæйраг хæсыл нымайы хъæбатыры æфсæддон фæндæгты хабæрттæй бæрæгонд чи нæма у, ахæмтæ ссарын. Куыд ссис ахæм зынгонд? Хуымæтæг царды та цавæр адæймаг уыд? Олеся Шахбазова, автор фильмов проекта  «Легенды армии»: «Мах, Ирыстоны зæххыл уæвгæйæ, фæнды базонын, ирæттæ чи сты, уый? Ахæм зындгонд адæймаг дзы куыд рауад, цæмæй йæ, чи зыдта, уыдон дæр ын ахæм кад кæной. Ирыстоны зæххыл уыйбæрц хъæбатыртæ куыд рантыст, уый дæр фæнды сбæлвырд кæнæм». Кинонывæн Цæгат Ирыстоны æрмæст йе `рдæг сисдзысты. Йæ сæйраг хъайтартæ сты Мамсыраты Тасолтан æмæ Ислам, Бедойты Руслан, Хадзумарæн йæхи чызг Заретæ. Киноныв исæг Александр Алексеев ахæм проектты фыццаг хатт нæ архайы. Йæ камерæйæ ист кадртæ ма ис ссарæн Плиты Иссæйы номыл ист кинонывы дæр. Александр Алексеев, оператор:  «Нæ хæс у Уæрæсейæн ацы адæмы цардимæ базонгæ кæнын. Уыдон Кавказы адæмы цардæн ницы зонынц. Иу хорз хъуыды ис: Хъуамæ царды тырнай, дæхицæй зондджындæр æмæ фæлтæрджындæр чи у, уыдонмæ. Ацы адæмыхатты чи базонид, уыдоны се `ппæты дæр æрфæндид кинонывы ахъазын. Мæ куыст зын у, фæлæ тынг цымыдисаг». Киноныв хъуамæ мæймæ ист æрцæуа. Документалон хуызы æвдыст нæ уыдзæн. У 40 минуты. Киноныв экрантæм рацæуыны рæстæг, гæнæн ис, æмæ æфсæддон сгарæн службæ иучысыл фæкъуылымпы кæна. Хъæбатыры царды сусæгдзинæдтæ рабæрæг кæнын зын, у. Æмæ уый ацы сфæлдыстадон куыст адæмы цæсты хъуамæ ноджы ахадгæдæр кæна. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Æфсæддон хъæбатыртæ

Категория:

Новости и СМИ