Партийы конференци
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Цæгат Ирыстойнаг хайад сарæзта абон йе ’рвылазон конференци. Ацыд Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы залы. Партийы делегаттæй уæлдай ма дзы архайдтой республикæйы, горæт æмæ районты хицауады минæвæрттæ. Боны фæткы сæйраг фарста уыд, партийы æппæтуæрæсеон 17-æм æмбырдмæ Ирыстойнаг хайадæй минæвæрттæ равзарын. Сбæрæг кодтой æртæ кандидаты: Бутаты Заремæ, Дулаты Маринæ æмæ Хъайтмазты Мурат. Уыдон уыдзысты нæ республикæйы минæвæрттæ 22-23 декабры Мæскуыйы. Æппæтуæрæсеон æмбырды æрдзурдзысты, цавæр нысæнттæ æвæры парти ног азы йæ размæ æмæ цавæр ивддзинæдтæ æрцæудзæн йæ разамонджыты рæнхъыты. Конференцийы ма ’рдзырдтой æндæр фарстатыл дæр. Партийы уставмæ гæсгæ равзæрстой регионалон политсоветы æртæ ног уæнджы – Гугиты Геннадий, Тыбылты Анатолий, Остъаты Георгий æмæ Церекаты Таймуразы. Регионалон контролон къамисы номхыгъд дæр ивд æрцыд. Нæ республикæйы сæргълæууæджы æмæ хицауады администрацийы разамонæг Челæхсаты Рустем загъта æмбырды архайджытæн арфæйы ныхæстæ нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы номæй. «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады секретарь Ортабайты Тимур та радзырдта ног æвзæрст депутаттæ, партийы уæнгтæ - сæ куыст куыд æххæст кæнынц, цы бантыст партийы регионалон хайадæн афæдзмæ æмæ цавæр хæстæ æвæры йæ размæ, уый тыххæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Партийы конференци
Категория:
Новости и СМИ