Бæрнон цæстæй
Цæгат Ирыстоны куыстуæттæ адæмæй цы хæс дарынц, уый фæкъаддæр. Афæдзы райдианæй йæ бæрц кусджыты раз уыд 132 милуан сомы. Прокуратурæйы куысты фæрцы фæкъаддæр 58 милуаны онг. Уый тыххæй фехъусын кодтой республикæйы прокуратурæйы форумы. Дзырдтой дзы адæмы бартæ хъахъхъæныны ахсджиаг фарстатыл. Æмбырды архайдтой республикæйы сæйраг прокурор Владимир Векшин, республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Сæбæтхъуаты Æхсарбег, республикæйы министрадты æмæ прокуратурæйы кусджытæ. Ныхас кодтой адæмы бартæ бахъахъхъæныны фарстатыл. Кусджытæн мызд куыд фидынц, зæгъæм, уый тыххæй. Ис, зыд чи кæны, ахæм амалхъом адæм æмæ йæ кусджытæн, куыд æмбæлы, афтæ чи нæ фиды. Уыдоны хъæуы æфхæрын. Æмбырды ма архайдтой профилон факультетты студенттæ. Фембæлды кæронбæттæн сын уыд фадат фæрстытæ радтынæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Бæрнон цæстæй
Категория:
Новости и СМИ