Ирыхъæуы скъолайы байгом кодтой ног спортивон зал
Абон ацы æвзонг кæстæртæ хæдзармæ æппындæр нæ тагъд кæнынц. Ахæм хорз уавæрты фыццаг хатт тезгъо кæнынц. Ирыхъæуы скъолайы ис 230 сывæллоны. Раздæр сæм иу физкультурæ уыд актон залы. Ахуыргæнæндон 20 азы размæ эксплуатацийы радтой æнæ спортивон залæй. Ныртæккæ корпусы фæсивæдæн ис æппæт æмбæлгæ уавæртæ æмæ спортивон гæрзтæ. Спортивон зал сарæзтой «Хъæуты фæзуæтты комплексон райрæзт»-ы паддзахадон программæйы фæлгæты. Схардз кодтой 62 милуан сомæй фылдæр. Ацы аз ма программæйы руаджы сараздзысты 6 объекты. Дыууæ дзы райдыдтой ивгъуыд аз. Уый Суададжы дондзæуæн хызæгты рацарæзт æмæ Рахизфарсы районы сывæллæтты рæвдауæндоны арæзтад. Ног залы фыццаг урок ацæудзæн райсом. Скъолайы разамынды æмгуыст кæнын фæнды Горæтгæроны районы спортивон скъолаимæ, цæмæй хъæуы фылдæр сывæллæттæ сæхи спорты хуызыты фæлварой.