Социалон-экономикон райрæзты фарстаты фӕдыл кусæг фембæлды æрдзырдтой Хуснуллин æмæ Меняйло
Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон райрæзты фарстаты фæдыл кусæг фембæлды рæстæг Мæскуыйы æрдзырдтой бæстæйы хицауады сæрдары хæдивæг Марат Хуснуллин æмæ республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Ныхас цыд Хъызлары скъолайы арæзтадыл. Уыдзæн дзы 500 бынаты. Объект ис республикæйы социалон-экономикон райрæзты мадзæлтты 'хсæн. Хыгъдмæ йæ бахастой Уæрæсейы хицауады бардзырдмæ гæсгæ. Ныртæккæ объекты цæуынц арæзтадон куыстытæ. Кæронмæ сæ баххæст кæныны тыххæй хъæуы уæлæмхасæн фæрæзтæ. Марат Хуснуллин куыд фæнысан кодта, афтæмæй скъолайы арæзтад фæуын хъæуы, ӕмӕ уый тыххæй амындзинæдтæ радта Рухстауыны, арæзтады æмæ финансты министрадтæн. Фембæлды ма фæнысан кодтой Алагиры район хæрзхъæд донæй бафсадыны фарста дӕр. Ам дондзæуæн хызæгтӕн сӕ 80% сты ивинаг. Сергей Меняйло куыд радзырдта, афтæмæй куыстыты размæ хъæуы дондзæуæн системæ рацаразын, уыимæ ма саразын хъæуы «Лæц»-ы донцъирæн, хызæгтæм Уæллаг Фыййагдон бафтауын, афтæмæй. Æппæт мадзæлтты аргъ — иу миллиард æмæ 600 милуан сомы. Марат Хуснуллин Уæрæсейы арæзтады министрадæн бабар кодта объекты финансон гæнæнты тыххæй хъæппæрис баххæсын. Сергей Меняйло фæнысан кодта, объектты проектон-хыгъдон гæххæттытæ цæттæ кæй сты. Паддзахадон экспертизæ дæр ацыдысты. Фембæлды кæронбæттæны Марат Хуснуллин йе 'ргом аздæхта регионы цæрæнуæтты арæзтад фæфылдæр кæныны фарстамæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv