Хъысмæт ныхыл фыст вæййы, зæгъгæ, фæзæгъынц

2 тыс. подписчиков

12+
12+

14 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

14 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

14 просмотров

9 лет назад

Фæлæ хи бахъахъхъæнын дæр фæхъæуы. Арæх тагъд æххуысы службæтæ разынынц фæстаг ныфсдæттæг. Зынгсирвæзт хуыссынгæнджытæ уый сæ куысты арæх банкъарынц. Уымæ гæсгæ сын иу уысм дæр фæстиатгæнæн нæ вæййы. Æнæнхъæлæджы уавæры дæм цас хуыздæр техникæ æмæ фылдæр фæлтæрддзинад уа, уыйас хуыздæр. Дигорайы зынгхуысынгæнджытæ уыцы дыууæ хъуыддагæй цух не ‘ййафынц. Нæ уацхæссæг Пелиты Сабинæ сын сæ куысты сусæгдзинæдтæ бæстон базыдта. Дигорайы зынгсирвæзтытимæ тохгæнæг хайадмæ бадзырдæуыд, кæмдæр фыдбылыз кæй æрцыди, уый тыххæй. Афтæ дзы райдыдтой сæрмагонд ахуыртæ. Цыбыр рæстæгмæ ирвæзынгæнджытæ сæ кусæн дзаумæттæ акодтой æмæ машинæты сæ бынæттæ бацахстой. Минуты æмгъуыдмæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ арæвдз сты фыдбылыз аиуварс кæнынмæ. Ахуыртæм гæсгæ, бирæфатерон хæдзары ссыгъд 5-æм уæладзыг. Ахæм æвирхъау цауты æнæмæнг бахъæуы даръ асинтæй ифтонггонд машинæйæ спайда кæнын. Дигорайы ахæм машинæ ис. Цæуы йыл 46 азы. Уæдæй абонмæ йæ фæрцы фервæзын кодтой бирæ адæмы. Асины дæргъ у 18 метры. Дыууæ минуты дæр нæма рацыд, афтæ ирвæзынгæнджытæ цæттæ сты асинтыл хæрдмæ сызгъорынмæ. Зынгсирвæзтытимæ тохгæнæг къордæн нымад у алы минут дæр. Уынгмæ ракодтой хæдзары цæрджыты. Ахуыртæн скодтой хорз аргъ. Арт афойнадыл ахуыссын кодтой, адæмæй хъыгдард ничи баййæфта. Зынгсирвæзтимæ тохгæнæг хайады сæргълæууæг хатдзæгтæ скодта къорды специалисттæн æмæ сын раарфæ кодта сæ хорз куысты тыххæй. Куысты фæстæ зæронд, фæлæ зынаргъ машинæ сæвæрынц йæ бынаты. Йæ фарсмæ та сæрыстырæй æрлæууы цæхæркалгæ ног Урал. Уый Дигорайы зынгсирвæзтытимæ тох кæныны хайады хæрз æрæджы фæзынди. Фæлæ кæд цыфæнды ног у, уæддæр ирвæзынгæнджытæ зæронд машинæ тынгдæр хъахъхъæнынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Хъысмæт ныхыл фыст вæййы, зæгъгæ, фæзæгъынц

Категория:

Новости и СМИ