Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ арфæ ракодтой Джыбылаты Зауыры номыл къласы ахуыргæнинæгтæн
Цæгат Кавказы федералон зылды Мидхъуыддæгты министрады сæйраг управленийы кусджытæ арфæ ракодтой ахуыры азы райдианы фæдыл Уæрæсейы хъæбатыр Джыбылаты Зауыры номыл къласы ахуыргæнинæгтæн. Уыдонмæ æппынæдзух дарынц сæ цæст. Барадхъахъхъæнджыты разамонæг пъæлицæйы инæлар-булкъон Сергей Бачурины хъæппæрисæй уыдон архайдтой Беслæны фыццæгæм гимназы кадджын линейкæйы. Сывæллæттæн æрбаластой адджын лæвæрттæ. Терроризмы профилактикæйы æппæтадæмон культурон-патриотон центры та сын сарæзтой сабырдзинады урок. Барадхъахъхъæнджытæ радзырдтой скъоладзаутæн, цæстфæлдахджытæ социалон хызæгты закъон халынмæ адæмы кæй разæнгард кæнынц, интернеты тыгъдады цы информаци вæййы, уымæ лæмбынæгæй кæсын кæй хъæуы, стæй интернеты æппæт хабæрттыл æууæндын кæй нæй, уый. Уазджытæн Беслæны фыццæгæм скъолайы бынаты экскурси сарæзта центры директоры хæдивæг Бæззаты Земфирæ, фенын сын кодта амынæты уæвæг адæм æмæ сæрмагонд дæлхайæдты æфсæддонты дзаумæтты, стæй уæды цауты къамтæ.