Ӕбӕрӕг фыдгӕнджытӕ республикӕйы скъоладзаутӕм арвыстой хъусынгӕнинӕгтӕ фыдбылыз ракӕныны курдиатимӕ
Ӕбӕрӕг фыдгӕнджытӕ республикӕйы скъоладзаутӕм ӕртӕ хатты арвыстой хъусынгӕнинӕгтӕ фыдбылыз ракӕныны курдиатимӕ. Зӕрдӕ сын бавӕрдтой ӕхца бафидынӕй. Сывæллæттæ хъуыддаджы тыххæй сæ ныййарджытæн фехъусын кодтой, уыдон та барадхъахъхъæнæн оргæнтæн. Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло, ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ сидынц ныййарджытæм, цæмæй ацы бонты къæрцхъусдæр уой, фылдæр ныхас кæной сабитимæ, сывæллæттæ ахæм хъусынгæнинæгтæ куы райсой, уæд æвæстиатæй мидхъуыддæгты министрадмæ хъусын кæнын.