Карз нозт уадзынмæ цæстдард
Ивгъуыд аз карз нозт нæ республикæйы бюджет фæхъæздыгдæр кодта 2 миллиард æмæ 300 милуан сомы бæрц. Уый 2016 азимæ абаргæйæ у 260 милуан сомы фылдæр. Ахæм бæрæггæнæнтæ раргом, абон Битарты Вячеслав карз нозтмæ цæстдарæг æмæ йæ уæй кæныны управленийы хицау Хидирты Батразимæ куы фембæлд, уæд. Битарты Вячеслав куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй карз нозты акцизтæн стыр ахадындзинад ис. Республикæйы къазна дзæвгар фæхъæздыгдæр кæнынц. Æппæтæй фылдæр æфтиæгтæ уыдысты 2016 азы. Уæд дзы сæмбырд кодтой 1 миллиард 424 милуан сомы. Битарты Вячеславы хъуыдымæ гæсгæ, уыцы хъуыддаг ирдæй равдыста нæ республикæйы хицаудзинады оргæнты куыст. Хидирты Батразы ныхæстæм гæсгæ, ног азы бæстонæй бакусдзысты сæнтæ уадзыныл. Уымæй уæлдай ма сног уыдзæн завод "Исток"-ы куыст дæр. Уый фæрцы 600 адæймаджы онг райсдзысты куысты бынæттæ. Республикæйы къазнамæ та цæудзæн фылдæр æхца. Фембæлды архайджытæ ма æрдзырдтой биоэтанол уадзыны закъоны проектыл. Æххæстгонд куы æрцæуа, уæд нæ республикæйы æрвылаз экологон артаг 350 млн литрæй къаддæр нæ уаддзысты. Æхцайæ нымайгæйæ уый у 2 миллиард сомы бæрц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Карз нозт уадзынмæ цæстдард
Категория:
Новости и СМИ