Раиртæстой цъæх артаг хивæндæй чи бауагъта, ахæм 781 хæдзары хицауы
«Газпром межрегионгаз» -ы кусджытæ раиртæстой, цъæх артаг хивæндæй чи бауагъта, ахæм 781 хæдзары хицауы. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй январæй-августмæ закъоны сæрты дыккаг хатт чи ахызт, уыдоны нымæцыл бафтыд. Закъонхалджытæн «Газпром межрегионгаз»-ы кусджытæ æмткæй райсгæйæ сæ хæсыл бафтыдтой 27 милуаны 190 мин сомы. Сарæзтой акттæ. Ныр сæ фидын бахъæудзæн, уыимæ ма ивар дæр. 2018-æм азæй йæ бæрц 4 мин сомæй фæфылдæр 15 мин сомы онг. Фæлæ уый дæр афтæ ахсджиаг нæу. Стыр ивартæ ницы сты, сæйрагдæр æдасдзинад у. Сыгъдхъæстæ газæй хъыгдард баййафынц дæсгай адæймæгтæ. Зынгсирвæзтытæ дæр дзы ’рцæуы, хъыгагæн, вæййы афтæ æмæ уæззау фæстиуджытæм дæр расайынц. Æвирхъау цаутæн та сæ аххосаг иу у - газы кусæнгарз æмæ куыд ифтонг у, уымæ куыдфæндыйы цæстæнгас. Специалисттæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй æппæты хуыздæр фидынц пенсиисджытæ. Кæд се ’фтиæгтæ афтæ бирæ не*сты, уæддæр. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ фæлхасгæнджытæн фадат ис сæ хæстæ хайгай бафидын дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Раиртæстой цъæх артаг хивæндæй чи бауагъта, ахæм 781 хæдзары хицауы
Категория:
Новости и СМИ