Дзæуджыхъæуы фыццаг хатт уыд конференци бизнес Бизнес Stand-Up, зæгъгæ
Амалхъомдзинад раст æмæ пайдаджын кæд вæййы? Цæмæй райдайын хъæуы? Ацы фарстатыл æрныхас кодтой абон конференци Бизнес Stand-Up, зæгъгæ. Ацы проект ног у. Дзæуджыхъæуы йæ фыццаг хатт сарæзтой. Мадзалы архайдтой федералон эксперттæ. Се `хсæн - Цæгат Ирыстоны æмæ Уæрæсейы регионты минæвæрттæ. Æмбырды æркастысты 6 æрмæгмæ. Зæгъæм, кусджыты раст куыд равзарын хъæуы, интернеты тыгъдады дæ авналæнты тыххæй хъусынгæнинаг куыд апарахат кæнын хъæуы, амалхъом адæмы бартæ куыд ис бахъахъхъæнæн æмæ `ндæртæ. Спикертæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм конференцитæ ахсджиаг сты. Сæ сæйраг нысан – амалхъом адæмы сæ куысты райрæзтыл раст архайын сахуыр кæнын. Тренингмæ `рбацæуджыты `хсæн уыдысты куыстуæтты разамонджытæ, амалхъом адæм æмæ, бизнесы фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыдон. Ахæм фембæлдтытæ дарддæр дæр араздзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы фыццаг хатт уыд конференци бизнес Бизнес Stand-Up, зæгъгæ
Категория:
Новости и СМИ