Михайловскæйы дыргъдæтты æмхæларады хæдзæртты хицæуттæ хъаст кæнынц уавæртæй
Бонвыддæрмæ - бонæй-бонмæ! Раст афтæ рауад сæ уавæр, Михайловскæйы фæлварæн-куыстадон хæдзарады дыргъдæтты æмхæларады хæдзæрттæ кæмæн ис, уыдонæн. Æрхæндæг зæрдæйы ахастимæ æрымысынц сæ раздæры рæстæджытæ. Уæд, дам-иу, алы ранæй дидинджыты хæрздæф цыд, уæдæ-иу сæ аив нывтæй дæр цæст рухс кодта. Ныр та дзы хауæддзæгты хæтæлтæ цæуынц. Ныззауат сты, æппынæдзух сæ хуылф байдзаг вæййы æмæ та смаггæнаг дон хæдзæртты кæртытыл акæлы. Дзуапп сын чи дæтты, уый бæлвырдæй бæрæг нæу. Хъус-хъус ныхæстæй фылдæр та адæмы `хсæн ницыуал парахат кæны. Цы хабар у, уый базонынмæ бынатмæ араст не сфæлдыстадон къорд. Хуасдзауты Алинæ - цы федта æмæ цы базыдта, уый тыххæй. Аст азмæ ацы бынат зынга раивта. Кæддæр алыхуызон бæлæстæ, дидинджытæ æмæ къутæртæй дзаг дыргъдæттæм кæсгæйæ зæрдæ райгонд уыд. Ныр, хъыгагæн, адæмæн фадат нал ис сæ дыргъдæтты кусынæн. Уыцы хъуыддагыл ацы æмбалады цæрджыты зæрдæ рагæй риссы. Вера Кубанова, дыргъдæтты æмхæларады хæдзары хицæу: «Ам фыццæгты-фыццаг дыргъдон чи сарæзта, æз дæр уыдонæй дæн. 30 азæй фылдæр рацыд ныр. Фæлæ фæстаг 8 азы мæ дыргъдонмæ хæстæг бацæуын дæр мæ бон нæу. Мæ зæрдæ уый фæдыл тынг риссы. Кæсут-ма уæхæдæг. Ам хауæддзæгты хæтæл цæуы. Алы аз дæр дон раивылы. Цады бын фæвæййынц нæ зæххытæ. Афтæмæй æрдзмæ куы зилай, уæд æрмæст йæ аив нывтæ та цæй аргъ сты. Мæ зæрдыл арæх æрлæууы, раздæр-иу ам куыд уыдис, уый. Кæддæр - дзæнæт, ныр та – зындон». Уыцы хъуыддаджы тыххæй адæм бирæ кусæндæттæм сæ курдиæттæ балæвæрдтой хъастимæ. Санитарон-эпидемиологон станцæйы кусджытæ бирæ иртæстытæ сарæзтой. Сæ бæрæггæнтæм гæсгæ, ацы дыргъдæтты ницы аразæн ис, уымæн æмæ æнæниздзинадæн, æнæмæнг, æрхæсдзысты стыр зиан. Тегетаты Индирæ, дыргъдæтты æмхæларады хæдзары хицæу: «Иртæстыты бæрæггæнæнтæ нæ дисы бафтыдтой, афтæ æвзæр уыдысты. Домæнтæм гæсгæ хъуамæ куыд уой, уымæй бирæ фылдæр мæры разындысты цинк æмæ паразитон цæрæгойтæ. Махмæ цы гæххæттытæ ис, уыдонмæ гæсгæ ам æрзайгæ дыргътæ æмæ халсартæн хæрæн нæй. Кусынмæ ныртæккæ ацы зæхх æппындæр нæ бæззы. Стæй, хауæддзæгты хъуыддагыл куы бакусой, уæддæр ма зæхх кусынмæ ногæй сбæздзæнис, уый зын зæгъæн у». Хæдзæрттыл дæр æвзæрырдæм бæрæг дары уыцы хъуыддаг. Уалдзыгон дон ивылгæ кæны, зымæджы та дзы ихы тъæпæнтæ равзæры. Уый аххосæй арæзтадон куыстытæ кæронмæ баххæст кæныны фадат бирæтæн нæй. Хæдзæрттыл дæр æвзæрырдæм бæрæг дары уыцы хъуыддаг. Уалдзыгон дон ивылгæ кæны, зымæджы та дзы ихы тъæпæнтæ равзæры. Уый аххосæй арæзтадон куыстытæ кæронмæ баххæст кæныны фадат бирæтæн нæй. Къæбулты Георгий, дыргъдæтты æмхæларады хæдзары хицæу: «Адæмы хъасты фæстæ прокуратурæ курдиат балæвæрдта тæрхондонмæ. Фæлæ бæлвырд нырма ницыма сбæрæг ис. Михайловскæйы администрацийы фарстамæ се 'ргом æппынæдзух æздахынц. Суанг ма хауæддзæгты хæтæл сæхи фæрæзтæй дæр ссыгъдæг кæнынц. Фæлæ цыбыр рæстæгмæ уавæр ногæй раздæрау бавæййы. Администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй уыцы системæйы хицауы æххæстæй зонгæ дæр нæ кæнынц. Хъуамæ йæ сбæрæг кæной». Киситы Андрей, Михайловскæйы администрацийы сæргълæууæг: «Ныртæккæ хъуыддагмæ тæрхондоны кæсынц. Хъуамæ сбæрæг кæной, ацы хæтæлтæ чи æмæ кæд сарæзта, уый. Ныртæккæ администрацийы иунæг гæххæт дæр нæй системæйы тыххæй. Æнæмæнг, сбæрæг кæнын хъæуы хæтæлты диаметр, йæ проект ын ссарын æмæ йæм лæмбынæг æркæсын. Стæй дзы цæйбæрц адæм хъуамæ пайда кæной, уый дæр. Уыдæттæ куы сбæрæг кæной, уæд нæ бон дарддæр дзурын уыдзæн. Ныр та уал бырæттæй куы байдзаг вæййынц хæтæлтæ æмæ нæм адæм куы бахатынц, уæд сæ ссыгъдæг кæнæм». Æппæтуæрæсейон адæмон фронты минæвæрттæ хъуыддагмæ лæмбынæгæй æркастысты. Хуыздæрырдæм æй раивыныл бацархайдзысты. Гæлиты Клим, æппæтуæрæсейон адæмон фронты регионалон штабы уæнг: «Æппæтуæрæсейон адæмон фронты уæнгтæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй бæрнон кусæндæттæм арвитдзысты фыстæджытæ. Адæмы бон хи хъарутæй ахæм нывтæ аиуварс кæнын сæ бон нал у». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Михайловскæйы дыргъдæтты æмхæларады хæдзæртты хицæуттæ хъаст кæнынц уавæртæй
Категория:
Новости и СМИ