8-аздзыд Æлбегаты Камиллæйæн баххуыс кæныны фæдыл Дзæуджыхъæумæ педиатр ссæудзæн Туркæй - дохтыр

8-аздзыд Æлбегаты Камиллæйæн баххуыс кæныны фæдыл Дзæуджыхъæумæ педиатр ссæудзæн Туркæй - дохтыр Самед. Чызгмæ раиртæстой стæм низ - синдром Хеннекама. Туркаг дохтыримæ ма фембæлдзысты 9 сывæллоны нæ республикæйæ. Се 'ппæт дæр сты уæззау рынчын. Дыууæ къуырийы фæстæ Камиллæ хъуамæ атахтаид йæ нанаимæ Туркмæ. Фæлæ йе 'нæниздзинад кæй февзæрдæр, уый тыххæй бинонтæ баззадысты Дзæуджыхъæуы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 8-аздзыд Æлбегаты Камиллæйæн йæ физикон рæзт баурæдта 3-аздзыдæй. Йæ бон цæуын нæу. У сидзæр, хъомыл æй кæны йæ нана. Сæрды сылгоймаг бахатыд æххуысы курдиатимæ компани Sun Medical Travel-мæ. Камиллæйæн хъæуы хирурджы æххуыс. Операци цæттæ сты туркаг клиникæтæй иуы скæнын. Фæлæ уымæн хъæуы 15 милуан сомы. Нырма уал сæмбырд кодтой 700 мин сомы.

Иконка канала IRYSTONTV
1 462 подписчика
12+
20 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии