Уголовон хъуыддæгты фæдыл къамис
Дзæуджыхъæуы слестгæнæн изоляторы 12 бæрнон адæймаджы лыстæг кастысты лæгмарджыты хъуыддагмæ. Чи йæ нæ зоны, уымæ кинойы сюжеты хуызæн фæкæсдзæн. Фæлæ æцæг хабар у. 61-аздзыд Наталья Нуждина йæ цардæмбалы амардта. Къамис та ныр кусы сылгоймаджы ахæстонæй æмгъуыдæй раздæр суæгъд кæныныл. Хъуыддаг хуымæтæг нæ разынд. Къамисы уæнгтæ цавæр хатдзæгмæ æрцыдысты, уый базыдта не сфæлдыстадон къорд. Æмгъуыдæй раздæр ахæстонæй суæгъд кæныны фарстатыл цы къамис кусы, уый æрæмбырд Дзæуджыхъæуы слестгæнæн изоляторы чысыл залы. Се хсæн Надежда Нуждинайы хъуыддаг дæр.Сылгоймагыл 61 азы цæуы, уыдонæй дыууæ азы арвыста ахæстоны. Амардта йæ сæры хицауы. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй, 45 азы кæимæ фæцард, уый иу æппынæдзух хæдзармæ нозтджынæй цыд. Афтæмæй иу Натальяйы æмæ йæ чызджы фырнадæй сау цъхтæ скодта. Ахæм цæфтæн чызг бирæ нæ бафæрæзта æмæ амард. Наталья Нуждина: «Фæстаг рæстæг нæ чызг куы фæзиан,уæд тынг нызта.Чи мæ баиргъæвтаид уый нæ уыд,6 азы размæ амард. Мæ чызгыл та цы рцыд? Куы иу уый дæр мæн куыд хоста, афтæ уый дæр надта. Чызг иу мæ сæрыл рахæцыд, уый та иу расыгæй æрбацыд æмæ иу нæ дыууæйы дæр хоста. Иу ахæмы та ногæй куы æрбацыд, уæд мæ чызг баргæвынмæ хъавыд, уый та æфсæйнаг хæтæл йемæ æрбахаста. Æз бадтæн сынтæгæн йæ иу кæрон, чызг та иннæ. Чызг фæгæпп кодта, уый йын йæ астæу фæцæф кодта. Уыцы ран ын риссын райдыдта». Уыцы рæстæг Натальяйы куы рхъуыды кæны, уæд йæ зæрды нырризы. Сæ сæрыл чи рахæца, уый нæ уыд. Чи сæ баиргъæвтаид, уый та уæлдайдæр. Натальяйы чызг 6 азы размæ амард. Уыцы бон сылгоймаг ныр дæр ма хорз хъуыды кæны. Уыцы сау бон йæ сыры хицау суанг райсомæй нуазын райдыдта. Наталья йын алыхуызты лæгъстæ кодта цæмæй ма нуаза, уый тыххæй. Фæлæ сырдоны цæссыг тыхджындæр разынд, лæг йæ кæнонтæ кодта. Иу ахæмы та йæ зæрдæ æрцагуырдта искæй фæнæмын. Ацы хатт йæ къухма фæрæт райста. Наталья Нуждина: «Бафæрæзтаин, мæ бон алидзын дæр уыд. Фыццаг хатт нæ уыд. Фæлæ фæрæт куы ауыдтон, уæд мæ уд бафæлурс. Дзæбæх егъау фæрæт, цæмæ йæ æлхæдта. Фæгæпп ластон, йæ къухтæй йын æй ратыдтон, æрхауд, йæ сæр æрæппæрста, разылдтæн æм, æмæ йæ мæ тых мæ бонæй цæвын,уый бæрц тыхтæ мæм кæцæй разынд, дарддæр цы уыд,уый нал хъуыды кæнын». Къамисы уæнгтæ иууылдæр, уыдон та 12 сты, æрцыдысты иу хаидзæгмæ. Сылгоймаджы æнæаххосæй аххосджыныл банымадтой – хъуамæ ахæстоны ма бада. Натальяйы сæр цы баййæфта, уый йæ цæст йе знагæн дæр нæ зæгъы. Фæнды йæ тагъд рæстæг сабыр царды ад ногæй бамбарын, цъæх-цъæхид арвмæ йæ фæллад цæстытæ сисын. Уæлдай тынгдæр та йæ тыхсын кæны йæ 91-аздзыд ныййарæг мад, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран иунæгæй баззад. 6 азы æнхъæлмæ кæсы йæ чызг ахæстонæй кæд рацæудзæн, уымæ. Æрвылаз ацы къамис дæсгай уголовон хъуыддæгтæм æркæсы. Фылдæр хатт рæстдзинад раргом кæнынц. Æнæаххосæй æфхæрд чи баййафы, уыдонæн рахæссынц æмбæлгæ тæрхон. Фæлæ уæддæр кæронбæттæн уынаффæ рахæссын УФ-йы президент. Нæ бæстæйы разамонæг та стæм хатт бафыссы адæймаджы ахæстонæй суæгъд кæныныны гæххæтт. Ацы уголовон хъуыддагæн цы уынффæ рахæсдзæн, уый нырма бæрæг нæу. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Уголовон хъуыддæгты фæдыл къамис
Категория:
Новости и СМИ