Фæсивæдон поселок уыдзæн Джызæлы администрацийы бæрны
Фæсивæдон поселок бахастой муниципалон сконды исбонадмæ. Уый къухы бафтыд Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайад ацы хъуыддагы фæдыл сæ курдиат хицауады уæнгтæн куы фæнысан кодтой уæд. Ныр фæсивæдон поселок хауы Горæтгæрон районмæ. Уый тыххæй хъусын кæны æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайады пресс-службæ. Поселок сарæзтой «Молодой семье - доступное жилье»-йы зæгъгæ программæйы фæлгæты. Æппæтадæмон регионалон штабы æмсæрдар Цæгæраты Русланы ныхæстæм гæсгæ цæрджыты хæдзæрдтæ кæд закъонмæ гæсгæ фидаргонд нæ уыдысты уæддæр сæ цæрæн бынат нысангонд уыд паспорты. Хицауады уæнгты уынаффæмæ гæсгæ поселок уыдзæн Джызæлы администрацийы бæрны. Уый сын фадат радта социалон лæггæдтæй æнæ къуылымпытимæ пайда кæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фæсивæдон поселок уыдзæн Джызæлы администрацийы бæрны
Категория:
Новости и СМИ