РЦИ-Аланийы æнæнхъæлæджы цауты министрады ирвæзынгæнджытæ архайдтой ахуырты
Сыгъд хæдтæхæгæй фервæзын кæнын цæрджыты. Ахæм æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ сæрмагонд ахуыртæ арæзт æрцыдысты цæгатирыстойнаг ирвæзынгæнджытæн Беслæны аэропорты. Фæнысан кæндзыстæм уый, æмæ ахуыртæ ацæуынц æрвылаз дæр. Æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ хæдтæхæджы двигательтæй иу асаст. Æвæстиатæй уæлдæфон нау æрбадын кодтой. Схæцыд ыл арт. Сæрмагонд ахуыртæ ацыдысты «Дзæуджыхъæу»-ы аэропорты. Æнæнхъæлæджы уавæрты службæйы ирвæзынгæнджытæ бæлццæтты рахуыдтой æдас ранмæ. Фидарæй зæгъæн ис, æмæ æнæнхъæлæджы цауты рæстæг адæймаджы цард вæййы ирвæзынгæнджыты къухы. Арæх афтæ рауайы, æмæ цыбыр рæстæгмæ ирвæзынгæнджыты бахъæуы бæллæх аиуварс кæнын. Ирвæзынгæнджыты размæ цы хæс æвæрд уыд, уый афонæй раздæр сæххæст кодтой. Дæлхайæдты къамандæгæнджытæ ахуырыты программæ нымайынц зыныл. Ирвæзынгæнджыты цæттæдзинад хъуамæ уа бæрзонд æмвæзадыл. Фæнысан кæнын хъæуы уый, æмæ иумæйаг ахуыртæ саразынц æрвылаз. Æнæмæнг ахсджиаг у специалисты фæлтæрддзинадæн. Сæйрагдæр у, цæмæй æнæнхъæлæджы уавæрты рæстæг дзуапдæттæг службæтæ уой цæттæ. Калоты Дзерассæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv