2019 азы фæндаггон фонды бæдджет у 3 миллиард сомы
2019 азы фæндаггон фонды бæдджет у 3 миллиард сомы. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы фæндаггон фонды хæдзарады комитеты сæрдар Солиты Тариэль, хицауады æмбырды. Йæ ныхæстæм гæсгæ æхцайы фæрæзтæ бахардз кæндзысты æрмæст пъланмæ гæсгæ цалцæджы куыстытæн нæ, фæлæ ма экономикæйы къабазы ахсджиаг объекттыл. Зæгъæм, ныртæккæ цæугæдон Урухы сæрты ног хид аразынц. Пъланмæ гæсгæ 2019 азы кæрон срæвдз уыдзæн. Уыимæ ма рацараздзысты «Кавказы"» фæндагыл уаддзаг Хурыхъæу-Малгобек-Мæздæг. Профилон министры ныхæстæм гæсгæ фæндаджы дæргъ уыдзæн 57 километры. Срæвдз уыдзæн 2020 азы. Æмбырды ма дзырдтой курорт Мамысонмæ ног фæндаджы арæзтады тыххæй. Тускъаты Таймураз Солиты Тариэлæн бабар кодта, цæмæй уæлдай цæстард уа арæзтадон куыстуатмæ, цæмæй федлералон фæрæзтæ фæткмæ гæсгæ хардзгонд æрцæуой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
2019 азы фæндаггон фонды бæдджет у 3 миллиард сомы
Категория:
Новости и СМИ