Æцæгæйдæр ног арæзт у?

2 тыс. подписчиков

12+
12+

14 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

14 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

14 просмотров

8 лет назад

Весеннийы уынджы 37-æм хæдзары цæрджытæ фæдис кæнынц. Æнхъæл дæр нæ уыдысты, цы ногарæзт хæдзæртты æрцардысты, уыдоны бирæ хъæндзинæдтæ кæ ис. Бирæуæладзыгон хæдзары арæх нæ вæййы рухс, газ æмæ дон. Лифтытæта искуы иу хат скусынц. Пъадвал та доны бын фæци. Ахæм уавæртæй разамындæттæг компани дæр разы нæу. Куыд рабæрæг, афтæмæй бирæуæладзыгон хæдзар 3 куыстуаты иумæ арæзтой. Фæлæ ныр цы хъæндзинæдтæ рабæрæг сты, уыйдонæн дзуапп чи ратдзæн, уый бæрæг нæу. Бæлвырдтæр на уацхæсджыты æрмæджы. Гæдиаты Амырхан ацы хæдзары фыццаг цæрджытæй иу у. Ног район, ног фатер, амæй ай хуыздæр уавæртæ. Цы ма хъæуы адæймаджы? Фæлæ цалдæр мæйы фæстæ йæ рухс хъуыдытæ æмæ циндзинад фæцыдæр сты. Бынæттон цæрджыты куы зæгъынц афтæмæй, хæдзæрдтæ куыд арæзт сты, уый сæ зæрдæмæ цæуы. Фæлæ сæ коммуналон уавæртæ — хорз не сты. Фарстатæ бирæ. Зæгъæм, 9 уæладзыджы цæрæг æнцонæй йæ фатермæ куыд бахæццæ уа? Цæрджытæ хъаст кæнынц, районы дæр æмбæлгæ уавæртæ кæй нæй, уымæй. Хæдзæрттæм афæдз размæ балыгъдысты. Уæдæй нырмæ сæ цуры иунæг дукани дæр нæ фæзынд. Дзул æмæ æндæр хъæугæ фæлхасад ласынц дардæй. Афтæмæй та цæрджытæй бирæтæ сты карджын адæм. Цъеуты Галина: «Ног арæзт хæдзæртты цур дуканитæ нæй. Арæхдæр фæцæуæм мæнæ ацы дуканимæ. Фæлæ зæгъæм мæ лæппуйы ардæм иунæгæй рауадзон, уый мæ бон нæу. Тæрсын. Уый тыххæй æмæ фæндаг куыд æмбæлы афтæ ифтонг нæу. Машинæттæ дыууæрздæм кæнынц. Афтæмæй, фыдбылызмæ бирæ нæ хъæуы.» Цæрджытæн ахæм уавæрмæ кæсын сæ бон нал у. Цæуынц дзуппагур. Тедтойты Иринæ: «Администрацийы нæм сæ хъус æрдардтой. Загътой, 2019 азæй раздæр фарста нæ алыг уыдзæн. Нæй гæнæн. Ракуырдтон сæ цæмæй дзы нысантæ уæддæр скæной, Адæймагæн дзы æнцон ацæуæн уа. Ныр та тагъд скъоладздаутæ ахуыр кæнын райдайдзысты æмæ фæндаджы сæрты ратæх батæх кæндзысты.» Уый ма нæ фæлæ, рухсæй, донæй æмæ газæй хъуаг æййафынц. Хæдзар хауы рахизфарсы подстанцæмæ. Уым та уыди авари, рæстæгмæ пайда кæнынц Джызæлы станцæйæ. Уый тыххæй ныртæккæ хæдзары нæ кусы лифт, дон дæр æвзæр кæлы. Разамынддæттæг компани "Ног горæт"-ы хицауы хæдивæг Хасцæты Игорь нын радзырдта, ацы хæдзары цæрджытæн сæ царды уавæртæ кæд фæхуыздæр уыдзысты, уый сбæлвырд кæнын зын кæй у, уый тыххæй. Хæдзар сцалцæг кæндзысты æви нæ уый дызæрдыккаг фарста у. Хъæндзинæдтæ бирæ. Дзуаппдæттæг та нæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Æцæгæйдæр ног арæзт у?

Категория:

Новости и СМИ