Куыд алыг уыдзæн фарста
Пенсиисджыты кар фæфылдæр кæныны реформæйы тыххæй нырма бирæ ныхас ис. Уымæ гæсгæ парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады сарæзтой æмбырд. Æрдзырдтой дзы реформæмæ цы ивддзинæдтæ баххæссæн ис, уыдоныл. Æмбырды архайдтой партийы регионалон хайады минæвæрттæ, депутаттæ, æхсæнадон организациты уæнгтæ, æмæ Цæгат Ирыстоны парламенты минæвæрттæ. Æхсæнадон архайджытæ дызæрдыг кæнынц, ацы реформæ экономикон уавæрыл хуыздæрырдæм кæй фæзындзæн, стæй адæмы хъуыдытæм цæстдард уыдзæн, ууыл. Ацы гуырысходзинад аиуварс кодтой Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ, æппæт хъæппæристæ дæр арвитдзысты партийы сæйраг æххæстгæнæг къамисмæ, æмæ цæм уым бæлвырд каст уыдзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Куыд алыг уыдзæн фарста
Категория:
Новости и СМИ